3 Ӕз уыцы бӕстӕйы хицауы йе ’ппӕт ӕлдӕрттимӕ фесафдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕздӕтты сӕгад кӕны, хъаруджынты тых скадавар кӕны.
Тынг ӕрлӕмӕгъ дӕн, ӕмӕ мын ме ’рдиагмӕ ӕрыхъус! Мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ бахиз, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты.
Уӕдӕ уӕхи ӕрӕмбарут, паддзӕхтӕ, уӕхимӕ ӕрцӕут, зӕххон барджынтӕ!
Зӕххон барджынтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ Йӕ цуры ницы сты, ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн.
«Йӕ сыкъа акъуырдтой Моавӕн, йӕ къух ныссасти, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ хӕзнатыл уӕ зӕрдӕ дардтат ӕмӕ ныр уацары бахаудыстут. Кемош дӕр ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.
Ӕз зонын, цас фыдбылызтӕ ӕмӕ цас тӕригъӕдтӕ сарӕзтат, уый. Сымах рӕстгӕнджыты ӕфхӕрут, гӕртӕмттӕ исут, мӕгуыртӕн тӕрхондоны раст тӕрхон нӕ кӕнут.
О, раст тӕрхон скъӕлдзо чи фестын кодта ӕмӕ рӕстдзинад зӕхмӕ чи фехста, уыдон!
Бӕхтӕ къӕдзӕхтыл фезгъорынц? Галтӕй йӕ бахуым кӕнӕн ис? Сымах та раст тӕрхон фестын кодтат марг, рӕстдзинады дыргъ — скъӕлдзо!
Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.