7 Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.
Филистимӕгты дӕр ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Газӕйы онг. Гӕныстон сын фестын кодта сӕ бӕстӕ, хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй райдай ӕмӕ фидар сахарты онг.
Иуахӕмы Озиа филистимӕгтимӕ схӕцыди, Гат, Йавне ӕмӕ Ашдоды сахартӕн сӕ систӕ ныззыгуым кодта. Ашдоды алфамбылай ӕмӕ филистимӕгты зӕххы иннӕ рӕтты сахартӕ сарӕзта.
Фараон Газӕйы сахар куы нӕма басаста, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын филистимӕгты фидӕн базонын кӕна.
Газӕ, хъыггӕнгӕ, адасдзӕн йӕ сӕр, ныхъхъус уыдзӕн Ашкелон. О, дӕлвӕзы ма чи аирвӕзт, уыдон! Уӕ буӕрттӕ кӕдмӕ лыгтӕ кӕндзыстут?»
Сӕ бӕстӕйыл сын арт куы бандзарон ӕмӕ сӕ фарсхӕцджытӕ саст куы ’рцӕуой, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы Магогы сахартӕ ӕмӕ денджызгӕрон сахартӕ арты амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Паддзах Хазаелӕн йӕ хӕдзарыл арт бандзардзынӕн, Бен-Хадады фидӕрттӕ басудздзынӕн,
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой.
Ашдоды зӕххыл дӕр, паддзахы бадӕны чи рабадт, уый, стӕй Ашкелоны паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Мӕ къух сисдзынӕн Екронмӕ, филистимӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдон цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Газӕйы сахар сафтид уыдзӕн, Ашкелон гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ашдодӕгтӕ тард ӕрцӕудзысты сӕ сахарӕй, быныскъуыд фӕуыдзӕн Екрон.
Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Сыгъдӕг Фысты зӕгъы: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».
Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.