6 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой.
Филистимӕгтӕ бабырстой Иудейы дӕлвӕзты бӕстӕ Шефеламӕ ӕмӕ йӕ хуссайраг хай Негевмӕ, бацахстой сахартӕ Бет-Шемеш, Айалон ӕмӕ Гедерот, Сохо, Тимна ӕмӕ Гимзо сӕ алыварс хъӕутимӕ, ӕмӕ дзы сӕхӕдӕг ӕрцардысты.
Фараон Газӕйы сахар куы нӕма басаста, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын филистимӕгты фидӕн базонын кӕна.
Израилы адӕммӕ де ’нӕуынондзинад ӕнусон кӕй у, уый тыххӕй сӕ ды сӕ бӕллӕхы, сӕ азары бон, карды амӕттаг бакодтай.
Тир, Сидон ӕмӕ филистимӕгты зӕххытӕ! Цы ис уӕ зӕрды? Мӕнӕй хъавут уӕ маст райсынмӕ? Уӕ фыдвӕндтӕ уын цыбыр рӕстӕгмӕ Ӕз уӕхиуыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн,
Сымах Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы адӕмы бердзенӕгтӕн уӕй кодтат, цӕмӕй сӕ хауӕццаг фӕкӕнат сӕ райгуырӕн зӕххӕй.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе ’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй.
Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Тиры фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой, ӕфсымӕрон фидыд фехӕлдтой.
Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ исбон хӕлӕфӕй куы давтой, йӕ кулдуарӕй куы бахызтысты ӕмӕ Йерусалимыл хӕлттӕ куы ’ппӕрстой, уӕд ӕм ды та фӕрсӕрдыгӕй кастӕ. Ды дӕр уыдоны хуызӕн уыдтӕ!
Ашкелон уый куы фена, уӕд ыл тас бахӕцдзӕн, Газӕ дӕр фыр тӕссӕй нырриздзӕни, Екронӕн асӕтдзӕн йӕ ныфс. Газӕйы паддзах бабын уыдзӕн, Ашкелоны иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн.
Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Йерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг ис, цӕуӕг кӕуыл нӕй, уырдӕм».
Филистимӕгтӕ Дунедарӕгӕн, сӕ аххос хынцгӕйӕ, цы сыгъзӕрин къуызыртӕ снывонд кодтой, уыдон уыдысты: иу — Ашдоды, иу — Газӕйы, иу — Ашкелоны, иу — Гаты, иу та — Екроны тыххӕй.