Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Амос 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе ’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Амос 1:11
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ ныр фӕзындысты аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕ, кӕддӕр израилӕгтӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ Ды кӕй зӕххытӕм бацӕуын нӕ бауагътай, ӕмӕ сӕ иувӕрсты кӕмӕн ацыдысты, стӕй кӕй нӕ ныццагътой, уыдон.


Кӕс-ма, нӕ хорздзинад нын цӕмӕй фидынц, уымӕ. Фӕзындысты нӕм, цӕмӕй нӕ, Ды нын исбонӕн цы зӕхх радтай, уырдыгӕй фӕсурой.


Уымӕн ӕмӕ едомӕгтӕ ногӕй ӕрбабырстой Иудеймӕ, ныддӕрӕн сӕ кодтой ӕмӕ дзы уацары дӕр райстой.


Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон, уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй, мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ, Дӕ арм мыл дардзынӕ.


О Дунедарӕг, Ды хӕрзгӕнӕг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, ӕнӕкӕрон у Дӕ хорзӕх, чи Дӕм кувы, уыдонӕн.


Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.


Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн, мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр, науӕд адӕм, Ме сконд адӕм, бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.


Израилӕн хорздзинад бӕсты нӕ цӕуы, ӕмӕ знаг зилдзӕни йӕ фӕдыл.


Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой.


Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.


ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы.


— Израилӕгтӕ! Ӕз уӕ бауарзтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — фӕлӕ Мын сымах дзурут: «Цӕмӕй нын равдыстай дӕ уарзондзинад?» Ау, Исав ӕмӕ Йаков ӕфсымӕртӕ не сты? — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕлӕ Ӕз Йаковы бауарзтон,


Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.


Уӕдӕ уарзон хъӕбултау архайут Хуыцауы ӕнгӕс уӕвыныл.


Едомагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: уый уе ’фсымӕр у. Мысырагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: йӕ бӕстӕйы ӕрцӕуӕггаг уыдыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ