Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Аггей 2:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ӕмӕ уыцы бон ды, Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иудейы бӕстыхицау, Мӕ лӕггадгӕнӕг, Мӕнӕн суыдзынӕ Мӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз сӕвзӕрстон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Аггей 2:23
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.


О, макуы мӕ фӕхицӕн кӕн дӕ зӕрдӕйӕ, о, де ’нгуылдзыл мӕ къухдарӕнау бакӕн! Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад тыхджын у мӕлӕтау, мӕрдтыбӕстау ӕгъатыр у зӕрдӕхсайд, йӕ фӕттӕ пиллон артау судзынц!


Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.


Дунедарӕг зӕгъы: «Сымах Ме ’вдисӕнтӕ стут. О, сымах ӕмӕ Мӕ цагъар, Ме ’взӕрст. Мӕ хъуыддӕгтӕн стут ӕвдисӕнтӕ, цӕмӕй Мӕ базонат, цӕмӕй баууӕндат, Ӕз Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау Мӕ разӕй дӕр кӕй никуы уыд ӕмӕ Мӕ фӕстӕ дӕр кӕй никуы уыдзӕн, ууыл.


Дӕ ныв дын скодтон, Йерусалим, Мӕ армытъӕпӕнтыл. Дӕ систӕ ӕдзух лӕууынц Мӕ цӕстыты раз.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — иудейаг паддзах Йехониа, Иоакимы фырт, Мӕ къухыл мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн куы фестадаид, уӕд дӕр ӕй срӕдывтаин!


«Мӕнӕ Мӕ уарзон Лӕггадгӕнӕг — Кӕй сӕвзӕрстон ӕмӕ Кӕуыл аудын, Уый. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн Мӕ раст тӕрхон фехъусын кӕндзӕни.


Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


Адӕм Кӕуыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ Хуыцау Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ Йын зынаргъ Чи у, ӕрцӕут уыцы Чырыстимӕ — цардӕгас Дурмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ