Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Аггей 2:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уӕ хордӕтты ма хоры мыггаг баззади? Сӕнӕфсиры талатӕ, гранат, легъуи ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ абоны онг дыргъ нӕма радтой. Фӕлӕ сыл нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз Мӕ арфӕ уадздзынӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Аггей 2:19
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.


Дӕ хор дын ӕрӕмбырд кӕндзӕни ӕмӕ йӕ мусы бафснайдзӕни, ууыл баууӕнддзынӕн?


Арфӕ дын ракӕндзӕни Сионӕй Дунедарӕг, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг.


Иузӕрдиондзинад тау суадздзӕни зӕххӕй, ӕмӕ рӕстад ӕркӕсдзӕни уӕларвӕй.


Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.


Хӕринаджы хуыздӕрӕй бафсаддзынӕн сауджынты, Мӕ рӕдаудзинадӕй бафсӕддзысты Мӕ адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг.


Сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕ, гранатӕй, пальмӕйӕ, фӕткъуыйӕ — иууылдӕр бахус сты быдыры, ӕмӕ адӕм цин нал кӕнынц.


Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.


Ӕз хус рӕстӕг ӕруагътон уӕ быдыртӕ ӕмӕ уӕ хӕхтыл, уӕ хор, уӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстыл, адӕм ӕмӕ фосыл, уӕ алы къухвӕллойыл.


Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Цас дӕ куры, уый бӕрц ын зӕрдӕхӕларӕй ратт, ӕмӕ Дунедарӕгӕй, Дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕни дӕ алы хъуыддаг, дӕ алы куыст дӕр.


Дунедарӕг уыл бафтаудзӕни тарниз, тӕфсӕг ӕмӕ тӕвдниз, ӕнтӕф ӕмӕ хусрӕстӕг, уыраугӕ дымгӕ уыл рауадздзӕн, хъуына уыл схӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ бабын уыдзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ