8 Хӕхтӕм ацӕут, самал кӕнут хъӕдӕрмӕг ӕмӕ Кувӕндон саразут, Ӕз ын хӕрзаудӕн кӕндзынӕн ӕмӕ скадджын уыдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Израилӕгтӕн Мысыры цагъарадӕй се ссӕрибарыл цыппарсӕдӕ ӕстай азы куы рацыд, уӕд Соломон йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм азы дыккаг мӕйы, зивы мӕйы, Дунедарӕгӕн Кувӕндон аразын райдыдта.
ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.
Гъемӕ уӕдӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ уды ӕппӕт хъаруйӕ агурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, саразут Ын Кувӕндон. Йӕ номыл цы хӕдзар сырӕза, уырдӕм-иу бахӕссут Фидыды Чырын ӕмӕ Хуыцауы уаз мигӕнӕнтӕ».
Ӕз ацы Кувӕндон Мӕхицӕн равзӕрстон ӕмӕ йӕ срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр уыдзысты уым.
Уымӕ гӕсгӕ дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕн райдыдтой ӕвзист дӕттын, сидойнӕгтӕн ӕмӕ тирӕгтӕн та — хойраг, нуазинаг ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй Ливанӕй Яффомӕ кедры хъӕд ласой, Персы паддзах Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ.
Стыр дуртӕй ӕртӕ рӕнхъы рацамайӕнт, хъӕдӕй — иу рӕнхъ; аразынӕн цы бахъӕуа, уый — паддзахы къазнайы хардзӕй.
Уым Мӕхи ӕргом кӕндзынӕн израилӕгтӕм, ӕмӕ Цатыр Мӕ кады фӕрцы суыдзӕни уаз.
Ливанӕй дын ӕрбаласдзысты диссаджы хорз хъӕдӕрмӕг: кипарис, тӕгӕр ӕмӕ кедр, цӕмӕй Мын рӕсугъд сфӕлындой Мӕ Кувӕндон — Мӕ къахӕвӕрӕн.
Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.
Сымах хайджын уыдзыстут йӕ ныфсӕй, йӕ фарнӕй, уӕ мондӕгтӕ исдзыстут йӕ бирӕ бӕркадӕй.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Ӕркӕсут уӕ цардмӕ.
Ӕз ӕппӕт адӕмты ныууигъдзынӕн, ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ иууылдӕр ардӕм ӕрбакӕлдзысты, ацы Хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй.
Ацы Кувӕндон, йӕ размӕ цы хӕдзар уыди, уымӕй кадджындӕр уыдзӕн, ӕмӕ Ӕз ацы бынат фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг!»