4 Ӕвзонг пехуымпар, Елисейы ӕрвыст, араст ис Галаадаг Рамотмӕ.
Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.
Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс.
Куы бахӕццӕ, уӕд цӕлхӕмбырдӕй бадгӕ баййӕфта хӕстон разамонджыты. Сӕ иумӕ дзы бауырдыг: «Ахсджиаг ныхасаг мӕ ис уемӕ, ӕфсады хицау». Йегу йӕ афарста: «Махӕй кӕимӕ?» Уый йын загъта: «Дӕуимӕ, ӕфсады хицау».