2 Уым бацагур Нимшийы фырт Йосафаты фырт Йегуйы. Йе ’мбӕлттимӕ уыдзӕн, ӕмӕ йӕ сӕ цурӕй рахон ӕмӕ йӕ ӕндӕр уатмӕ хибар ранмӕ бакӕн.
Иннӕтӕ Афекы сахармӕ бацӕйлыгъдысты, фӕлӕ сыл сахары сис афӕлдӕхт, ӕмӕ авд ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы йӕ быны фесты. Бен-Хадад йӕхӕдӕг сахармӕ балыгъд ӕмӕ фидарӕн йӕ рӕбинагдӕр уаты йӕхи бамбӕхста.
Миха йын дзуапп радта: «Мӕ сӕр кӕм бамбӕхсон, зӕгъгӕ, иу уатӕй иннӕмӕ ралидз-балидз куы кӕнай, уыцы бон ӕй базондзынӕ».
Йегу йӕ хицауы лӕггадгӕнджытӕм куы рацыд, уӕд ӕй уыдон бафарстой: «Цы хабар у? Уыцы нӕрӕмон дӕм цӕй тыххӕй ӕрбацыд?» Дзуапп сын радта: «Цы лӕг у ӕмӕ цы ӕнӕхъола ныхӕстӕ фӕкӕны, уый уӕхӕдӕг дӕр куы зонут».
Йосафаты фырт Йегу, Нимшийы мыггагӕй, тӕккӕ уыцы сахат Йорамы ныхмӕ скодта сусӕгвӕнд. Уыцы заман Йорам та Израилы ’фсадимӕ лӕууыд Галаадаг Рамоты раз ӕмӕ хӕцыд Арамы паддзах Хазаелы ныхмӕ.
Хъалагъур та паддзахӕн фехъусын кодта: «Ацы бӕхджын дӕр сӕ размӕ бахӕццӕ ӕмӕ нал раздӕхт. Ӕфсӕдты раздзогӕн йӕ бӕх Нимшийы фырт Йегуйы бӕхы цыд кӕны, уыцы знӕтӕй ӕрбалӕгӕрды».
Куы бахӕццӕ, уӕд цӕлхӕмбырдӕй бадгӕ баййӕфта хӕстон разамонджыты. Сӕ иумӕ дзы бауырдыг: «Ахсджиаг ныхасаг мӕ ис уемӕ, ӕфсады хицау». Йегу йӕ афарста: «Махӕй кӕимӕ?» Уый йын загъта: «Дӕуимӕ, ӕфсады хицау».