Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 8:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Тӕккӕ уыцы рӕстӕг паддзах ныхас кодта Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы лӕггадгӕнӕг Гиезиимӕ, куырдта дзы, цӕмӕй йын радзура Елисейы диссӕгтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 8:4
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уым уый дӕр, Илийайы хуызӕн, пӕлӕзӕй дон ӕрцавта ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Дунедарӕг, Илийайы Хуыцау?» Дон та ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм алӕууыд, ӕмӕ Елисей сурыл доны иннӕ фарсмӕ бахызти.


Уый сӕм бакаст ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй ралгъыста. Уыйадыл хъӕдӕй рацыди дыууӕ сыл арсы ӕмӕ сын сӕ къордӕй дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сабийы аргӕвстой.


Йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийӕн загъта: «Уыцы шунемаг сылгоймагмӕ-ма мын фӕдзур!» Уый йӕм фӕдзырдта, ӕмӕ йӕм ӕрбацыд.


Афтӕмӕй араст ис ӕмӕ бахӕццӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ, Кармелы хохмӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕй дардмӕ базыдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийӕн загъта: «Уый уыцы шунемаг сылгоймаг у.


Уыйадыл Нееман ацыд Иорданы былгӕронмӕ. Хуыцауы уарзон адӕймаджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дзы авд хатты куы нынныгъуылдис, уӕд йӕ буар сабийы буарау фестади, ссыгъдӕг ис бынтондӕр.


Ӕмӕ йӕм марӕджы арвыста. Уыцы заман Елисей та сахары хистӕртимӕ бадтис йӕ хӕдзары, ӕмӕ йӕ марӕг нӕма ’рбахӕццӕ, афтӕмӕй сын зӕгъы: «Уый зонут, ӕмӕ мӕм уыцы лӕгмар мӕ марӕджы ӕрбарвыста, мӕ сӕр мын мӕ гуырӕй фӕхицӕн кӕнынмӕ. Кӕсут-иу, ӕмӕ куыддӕр фӕзына, афтӕ-иу дуар рахгӕнут ӕмӕ йӕ ма ’рбауадзут. Йӕ рарвитӕджы дӕр ныртӕккӕ ардӕм хъӕуы».


Елисей йӕ бафарста: «Кӕцы ран ныххаудта?» Уый йын ӕй бацамыдта, ӕмӕ уӕд Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг суджы лыггаг ракодта, уырдӕм ӕй баппӕрста, ӕмӕ фӕрӕт доны сӕрыл абадтис.


Ууыл Елисей загъта: «Дунедарӕджы уынаффӕмӕ байхъусут! Райсом ацафон Самарийы кулдуары цур ӕвзаргӕ ссады мӕрт уӕй кӕндзысты иу шекелыл, хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр афтӕ».


Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.


Уыцы заман сахары кулдуары ӕдде лӕууыди цыппар хъотырджыны ӕмӕ сӕхимидӕг дзырдтой: «Ам цы боны хорзмӕ кӕсӕм нӕ мӕлӕтмӕ?


Авд азы куы аивгъуыдта, уӕд уыцы сылгоймаг филистимаг зӕххӕй ӕрбаздӕхт йӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ паддзахмӕ хатӕг бацыди, цӕмӕй йын фӕстӕмӕ ратта йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ зӕххы хай.


Ӕмӕ сӕ Вифлееммӕ куы ӕрвыста, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ Сывӕллоны тыххӕй бӕлвырд базонут. Куы Йӕ ссарат, уӕд мӕм фӕхабар кӕнут, цӕмӕй ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ Йӕм бакувон».


Ирод Йесойы куы федта, уӕд тынг бацин кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ рагӕй фӕндыд Йӕ фенын. Йесойы тыххӕй бирӕ хӕттыты фехъуыста ӕмӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ каст исты диссаг равдисынмӕ.


Фӕлӕ Ирод загъта: «Иоаннӕн ӕз йӕ сӕр куы акъуырдтон, уӕд уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй хъусын, Уый та чи у?» Ӕмӕ архайдта Йесойы феныныл.


Дзуапп сын радта: «Ӕз уын ӕй загътон, фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат. Уымӕ ма уӕ дыккаг хатт хъусын цӕй тыххӕй фӕнды? Ӕви сымах дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынмӕ хъавут?»


Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрбацыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уый уыди дзуттаг). Феликс ӕрбакӕнын кодта Павелы ӕмӕ хъуыста, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ