Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 7:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уый фӕстӕ загътой: «Раст нӕ кӕнӕм. Ацы бон цины бон у, ӕмӕ цины уац ӕвӕстиатӕй фехъусын кӕнӕм нӕ паддзахӕн. Науӕд боны срухсмӕ ам куы баззайӕм, уӕд фӕазымджын уыдзыстӕм».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 7:9
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нееман паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын израилаг чызджы ныхас рафӕзмыдта.


Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.


Уыцы заман сахары кулдуары ӕдде лӕууыди цыппар хъотырджыны ӕмӕ сӕхимидӕг дзырдтой: «Ам цы боны хорзмӕ кӕсӕм нӕ мӕлӕтмӕ?


Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».


Ныр ацы хъотырджынтӕ та асадӕны кӕрон иу цатырмӕ бацыдысты, бахордтой, бануӕзтой ӕмӕ дзы ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй цы уыди, уыдон рахастой ӕмӕ сӕ бамбӕхстой. Бацыдысты ӕндӕр цатырмӕ дӕр ӕмӕ, уырдыгӕй дӕр цы рахастой, уый бамбӕхстой.


уымӕн ӕмӕ рӕстуд авд хатты куы ’рхауа, уӕд дӕр сыстдзӕнис, ӕнӕхуыцӕуттӕ та фыдбылызӕй фесӕфдзысты.


Иунӕг Ӕз загътон Сионы сахарӕн, Йерусалимы цӕрджытӕн, мӕнӕ уӕм фарны уац хӕссӕджы ӕрвитын, зӕгъгӕ.


Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац, цины уац ӕмӕ сӕрибары уац чи хӕссы, уымӕн! Сионӕн зӕгъы: «Дӕ Хуыцау дӕ Паддзах у!»


Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.


Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.


Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ:


Алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ мӕт йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ