5 Изӕрмилты араст сты сириӕгты асадӕны ’рдӕм. Йӕ дӕлбазырмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дын кӕсынц, ӕмӕ дзы цъиуызмӕлӕг дӕр нӕ.
Сахармӕ куы бацӕуӕм, уӕд уым адӕм сыдӕй мӕлынц, ӕмӕ мах дӕр амӕлдзыстӕм. Ам куы баззайӕм, уӕд дӕр — афтӕ. Фӕлтау сириӕгты рӕсӕнуатмӕ ацӕуӕм, ӕмӕ нӕ сӕрӕгасӕй куы ныууадзой, уӕд цӕрдзыстӕм, куы нӕ амарой, уӕд та амӕлдзыстӕм».
Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».
Сӕ сӕргъы цы хицау лӕууы, уый дӕр талынджы йе ’ккоймӕ сисдзӕни йӕ уаргъ ӕмӕ рацӕудзӕн. Къул батондзысты, цӕмӕй йӕ ууылты ракӕной. Уый бамбӕрздзӕни йӕ цӕсгом, ӕмӕ ацы зӕхх йӕ цӕстытӕй нӕ фендзӕн.
Фосы фыццаг цӕуӕт Дунедарӕгӕн снывонд кӕнын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ фыццаггуырдтӕ афтӕ дӕр Йӕ исбон сты. Гал уа ӕви фыс — Дунедарӕджы исбон у.
Кӕд ӕмӕ, сомы чи ракодта, уый мӕгуыр у ӕмӕ нысангонд аргъ йӕ бон бафидын нӕу, уӕд ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнын хъӕуы, цӕмӕй сауджын, цы йӕм ис, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕна, цас ын фидгӕ у, уый.
Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.
Усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызг, дзидзидай саби ӕмӕ урссӕр зӕронд дуарӕн ӕдде цыргъагӕй цагъды кӕндзысты, хӕдзары мидӕг та — фыр тӕссӕй.
Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“
Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты.