Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 5:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг Елисеймӕ фӕхабар чындӕуыдис, Израилы паддзах йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, зӕгъгӕ. Уый йӕм арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Цӕмӕн афтӕ бакодтай? Уыцы лӕджы ма мӕнмӕ рарвит, уадз ӕмӕ базона, Израилы пехуымпар кӕй ис, уый».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 5:8
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоав ӕмӕ, йемӕ чи уыди, ӕппӕт уыцы адӕмӕн Давид загъта: «Уӕ дарӕс арӕдувут фӕйнӕрдӕм, сӕхъистӕ скӕнут уӕ уӕлӕ ӕмӕ Авнерыл уӕ цӕссыг калут». Паддзах Давид йӕхӕдӕг дӕр Авнеры сынты фӕдыл цыди.


Хуыцау пехуымпар Шемайайӕн загъта:


Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ныр ӕй зонын, ды Хуыцауы минӕвар дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй цы дзурыс, ууыл ӕцӕгӕйдӕр ис ӕууӕндӕн».


Дзуапп ын радтой: «Нӕ размӕ рацыдис иу лӕг ӕмӕ нын загъта: „Цӕут ӕмӕ уӕ рарвитӕг паддзахӕн фехъусын кӕнут, Дунедарӕг ын цы зӕгъы уый: Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, ӕви? Дӕ минӕвӕртты цӕмӕн рарвыстай Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ? Уый тыххӕй ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“».


Уӕд уый йӕ адӕмимӕ Хуыцауы уарзон адӕймаджы раз балӕууыди ӕмӕ загъта: «Ӕз базыдтон, а дунейыл Израилы йеддӕмӕ Хуыцау кӕй никуы ис, уый. Ныр дӕ курын, ӕмӕ мын мӕ арфӕйы лӕвӕрттӕ айс!»


Иуахӕмы чызг йе ’хсинӕн загъта: «Самарийы цы пехуымпар цӕры, уымӕ куы ацӕуид ме ’лдар, уӕд ӕй уый йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнид».


Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры».


Нееман ӕд бӕхуӕрдӕттӕ бахӕццӕ ис Елисейы хӕдзары размӕ ӕмӕ уым ӕрфистӕг ис.


Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.


Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты, фӕлӕ уадз ӕмӕ зоной, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый.


Пехуымпары руаджы Дунедарӕг Израилы ракодта Мысырӕй, пехуымпары руаджы йыл дардта Йӕ арм.


Сымахӕн, муртаттӕгтӕн, зӕгъын: куыд муртаттӕгты апостол, афтӕ ӕз буц дӕн, мӕ бӕрны цы куыст ис, уымӕй.


Фӕлӕ йын ӕххуырст загъта: «Ацы сахары ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, тынг ӕй нымайынц, цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст вӕййы. Цӕй ӕмӕ уымӕ бацӕуӕм. Чи зоны, ӕмӕ нын бацамона, цавӕр фӕндагыл нын цӕугӕ у, уый».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ