Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 5:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 5:7
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков рамӕсты ис Рахелмӕ: «Дӕуӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Уый дын Хуыцау нӕ дӕтты цот».


Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм,


Фӕлӕ сын Йосеф загъта: «Тӕрсгӕ мӕ ма кӕнут! Ӕз Хуыцау, мыййаг, куынӕ дӕн.


Уӕд Давид йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывта; афтӕ бакодтой, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр.


Уӕд Израилы паддзах фӕдзырдта бӕстӕйы ӕппӕт хистӕртӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбайхъусут-ма, ацы сириаг нын цы фыдбылыз саразинаг у, уымӕ! Мӕ устытӕ ӕмӕ мын мӕ фырттӕм куы ӕрбарвыста, стӕй ме ’взист ӕмӕ мӕ сыгъзӕринмӕ, уӕд ын ӕз нӕ, зӕгъгӕ, нӕ загътон».


Цӕуы ӕмӕ уыны: ног паддзах, ӕгъдау куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ лӕууы къуыбыргондыл. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ сыкъахӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Адӕм иууылдӕр цин кӕнынц, хӕтӕлтӕй цӕгъдынц. Ӕмӕ Атали йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»


Паддзах Езекиамӕ бызгъуыртӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны уагдар, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — фидиуӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы хистӕр дзагдары ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Израилы паддзахыл сӕмбӕлын кодта йӕ паддзахы фыстӕг. Фыст дзы уыдис: «Ацы фыстӕгимӕ дӕм ӕрвитын мӕ лӕггадгӕнӕг Нееманы, ӕмӕ-иу ӕй сдзӕбӕх кӕн йӕ хъотырнизӕй!»


Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.


Паддзахы фарст ахӕм зын у, ӕмӕ йын, хуыцӕутты йеддӕмӕ, дзуапп ничи ратдзӕн, фӕлӕ уыдон адӕмимӕ нӕ цӕрынц».


Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.


Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт, иннӕ сгарджытимӕ бӕстӕуынӕг чи уыд, уыдон сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм


Уыцы ныхӕстӕм алчер фӕйнӕрдӕм арӕдывта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!


къахтой Йӕ, цӕмӕй йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.


Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй дзырдтой:


Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый.


Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!


Дунедарӕг амары ӕмӕ райгас кӕны, Мӕрдтыбӕстӕм барвиты ӕмӕ фӕстӕмӕ ракӕны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ