Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 5:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Арамы паддзах ын загъта: «Цӕугӕ! Ӕз дын Израилы паддзахмӕ фыстӕг ныффысдзынӕн». Нееман йемӕ рахаста ӕвзисты дӕс таланты, сыгъзӕрины ӕхсӕз мин шекелы, дӕс фӕлысты дарӕстӕ ӕмӕ адардта йӕ фӕндаг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 5:5
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Самсон сын загъта: «Цӕй ӕмӕ уын уыци-уыци радзурон. Куывд авд боны фӕстӕ фӕуыдзӕнис, ӕмӕ йӕ кӕд уӕдмӕ базонат, уӕд уын ратдзынӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз хӕдоны гӕнӕй уафт хъуымацӕй, стӕй ма ноджыдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕлысты.


Ныр та байхъусут сымах, афтӕ зӕгъджытӕ: «Абон кӕнӕ райсом ацӕудзыстӕм ахӕм ӕмӕ ахӕм сахармӕ, фӕцӕрдзыстӕм дзы афӕдз, кӕндзыстӕм сӕудӕджер ӕмӕ райсдзыстӕм ӕфтиаг».


Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн, Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн — уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа, йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн — уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.


Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн».


Иу чидӕр ӕрбацыди Баал-Шалишайӕ, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн ӕрбахаста хъӕбӕрхоры кӕрдзынтӕ, хоры сӕрӕй конд, стӕй хоры цӕттӕ ӕфсиртӕ. Елисей та йӕ лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой!»


Израилы паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Галаадаг сахар Рамот мах кӕй у, уый уӕ рох фӕци? Рӕстӕг ма цӕуыл сафӕм, Арамы паддзахы къухӕй йӕ фӕстӕмӕ цӕуылнӕ байсӕм?»


Паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Мидӕмӕ мӕм саккаг кӕн ӕмӕ мын мӕ цӕхх, мӕ къӕбӕрӕй саход. Ноджы ма дын исты лӕвар дӕр ратдзынӕн».


Ацыдысты Моав ӕмӕ Мидианы хистӕртӕ. Балаамӕн мызд ахастой дӕсныфӕрсӕггаг ӕмӕ йын Балакы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Ӕфсымӕртӕн радта фӕйнӕ фӕлысты дарӕс, Бениаминӕн та — ӕвзисты ӕртӕсӕдӕ шекелы ӕмӕ фондз фӕлысты дарӕс.


Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».


Бауынаффӕ кодтой: «Скӕнӕм агуыридуртӕ». Ӕмӕ хуымӕтӕг дурты бӕсты аразын райдыдтой агуыридуртӕй, чъыры бӕсты та пайда кодтой писийӕ.


Нееман паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын израилаг чызджы ныхас рафӕзмыдта.


Израилы паддзахыл сӕмбӕлын кодта йӕ паддзахы фыстӕг. Фыст дзы уыдис: «Ацы фыстӕгимӕ дӕм ӕрвитын мӕ лӕггадгӕнӕг Нееманы, ӕмӕ-иу ӕй сдзӕбӕх кӕн йӕ хъотырнизӕй!»


Зондджыны зӕрдӕ йӕ зондыл ӕфтауы, куырыхонты хъустӕ агурынц зонынад.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ