4 Нееман паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын израилаг чызджы ныхас рафӕзмыдта.
Иуахӕмы чызг йе ’хсинӕн загъта: «Самарийы цы пехуымпар цӕры, уымӕ куы ацӕуид ме ’лдар, уӕд ӕй уый йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнид».
Арамы паддзах ын загъта: «Цӕугӕ! Ӕз дын Израилы паддзахмӕ фыстӕг ныффысдзынӕн». Нееман йемӕ рахаста ӕвзисты дӕс таланты, сыгъзӕрины ӕхсӕз мин шекелы, дӕс фӕлысты дарӕстӕ ӕмӕ адардта йӕ фӕндаг.
Фӕлӕ Йесо не сразы ис ӕмӕ йын загъта: «Ацу хӕдзармӕ, дӕ бинонтӕм. Радзур сын, Дунедарӕг дын цы сарӕзта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта, уый».