Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 4:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕмӕ иу хатт уыцы сылгоймаг загъта йӕ мойӕн: «Ӕдзухдӕр нӕм цы фӕндаггон ӕрбацӕуы, уый у Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг — уаз лӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 4:9
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг.


уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»


Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ныр ӕй зонын, ды Хуыцауы минӕвар дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй цы дзурыс, ууыл ӕцӕгӕйдӕр ис ӕууӕндӕн».


Уӕд идӕдз ус фӕстӕмӕ Хуыцауы минӕвармӕ аздӕхт ӕмӕ йын, хъуыддаг куыд рауад, уый радзырдта. Уый йын загъта: «Цу, сой ауӕй кӕн ӕмӕ дӕ хӕстӕ бафид. Ӕхцайӕ ма цы баззайа, уымӕй та уӕхӕдӕг цӕрут».


Фӕлӕ йӕм Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Паддзах! Израилы ӕфсад демӕ хӕстмӕ ма ацӕуӕд, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн, Ефремы байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс нӕ кӕндзӕн.


Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.


Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта.


Ӕвдисӕнтӕ уӕхӕдӕг ӕмӕ Хуыцау: сымахмӕ, уырнджытӕм, цардыстӕм сыгъдӕгӕй, рӕстзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕфауӕй.


Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.


Уый хъуамӕ уа уазӕгуарзон, хӕрзгӕнӕг, хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ,


Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, кӕсут уӕ лӕгты коммӕ, Хуыцауы Дзырдыл дзы йӕхи чи тигъ кӕны, цӕмӕй уыдонӕн зӕгъын дӕр ма бахъӕуа, афтӕмӕй йыл баууӕндой, сӕ бинойнӕгты цардмӕ кӕсгӕйӕ,


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ