6 афтӕмӕй, куы байдзаг сты, уӕд мад йӕ лӕппутӕй иумӕ дзуры: «Ӕрбадӕтт-ма иу дурын!» Уый йын дзуапп радта: «Нал дзы ис». Ӕмӕ сой нал калди.
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ссады дурын не сафтид уыдзӕни ӕмӕ сой дурыны нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕни, цалынмӕ Дунедарӕг зӕхмӕ къӕвда рауадза, уӕдмӕ“».
Ууыл ӕм Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг смӕсты ӕмӕ йын загъта: «Фондз кӕнӕ ӕхсӕз цӕфы куы фӕкодтаис зӕххӕн, уӕд бынтондӕр ныццагътаис сириӕгты. Ныр сӕ ӕрмӕст ӕртӕ хатты ныддӕрӕн кӕндзынӕ».
Идӕдз ус ацыди хӕдзармӕ. Йӕ лӕппутимӕ сӕхиуыл дуар сӕхгӕдтой, ӕмӕ йӕм уыдон дурынтӕ дӕтгӕ, ай ӕвгӕнгӕ,
Ӕмӕ уыцы ран, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ бирӕ диссӕгтӕ нӕ равдыста.
Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис дыууадӕс чыргъӕды.
Се ’ппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис авд чыргъӕды.
Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд».
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ, Уымӕй цы тых цыд, уый се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта.
Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, куыд ницы дзы фесӕфа, афтӕ».
Ацы зӕххы хойрагӕй куы фӕхъӕстӕ сты, уӕд, Куадзӕны фӕстӕ цы бон ралӕууыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уӕларвӕй маннӕ нал хауди. Израилӕгтӕ уыцы азӕй фӕстӕмӕ маннӕйы бӕсты хордтой ханаанаг зӕххы бӕркад.