Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 3:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Иудейаг паддзах Иосафатмӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Моавы паддзах мӕ ныхмӕ сыстад, ӕмӕ хъуамӕ йемӕ схӕцон. Мӕ фарсмӕ не ’рбалӕудзынӕ?» Иосафат ын дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, уый хуызӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 3:7
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иосафаты бафарста: «Галаадаг Рамотмӕ бабырсыны фӕнд мӕм ис, ӕмӕ мӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзынӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, афтӕ».


Елисей амарди, ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой. Иннӕ аз Израилмӕ ӕрбалӕбурдтой моавӕгты ӕрдонгтӕ.


Уӕд Израилы паддзах Йорам рацыди Самарийы сахарӕй, ӕрзылди бӕстӕйыл ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта хӕстхъом адӕмы иууылдӕр.


Иосафат ӕй бафарста: «Кӕцы фӕндагыл сӕм ацӕуӕм?» Уый йын загъта: «Едомы ӕдзӕрӕг быдыртыл».


Ӕмӕ Израилы паддзах иудейаг паддзахимӕ, Едомы паддзах дӕр семӕ, афтӕмӕй уыцы дард фӕндагыл ахӕцыдысты се ’фсӕдтимӕ. Авд боны куы фӕцыдысты, уӕд сӕм нуазыны дон нал уыд сӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ хайуантӕн дӕр.


Израилы паддзах Ахав бафарста Иудейы паддзах Иосафаты: «Ацӕудзынӕ мемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Мӕ адӕм дӕ адӕмы фӕдыл ацӕудзысты, цӕуын демӕ хӕстмӕ».


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ