6 Уӕд Израилы паддзах Йорам рацыди Самарийы сахарӕй, ӕрзылди бӕстӕйыл ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта хӕстхъом адӕмы иууылдӕр.
Израилӕгтӕ дӕр скодтой ӕфсад, семӕ райстой хӕлц ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. Сириӕгтӕ бацахстой ӕнӕхъӕн быдыр, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ разы уыдысты сӕгъты дыууӕ чысыл дзуджы хуызӕн.
Саул адӕммӕ фӕсидт ӕмӕ сӕ Телаимы банымадта: дыууӕсӕдӕ мин фистӕджы, стӕй ма Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй дӕр дӕс мин лӕджы.
Саул сӕ Безекы банымадта, ӕмӕ уыдысты: Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕртӕсӕдӕ мин лӕджы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — дӕс ӕмӕ ссӕдз мины.
Фӕлӕ Ахавы амӕлӕты фӕстӕ Моавы паддзах нал уисӕн кодта Израилӕн.
Иудейаг паддзах Иосафатмӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Моавы паддзах мӕ ныхмӕ сыстад, ӕмӕ хъуамӕ йемӕ схӕцон. Мӕ фарсмӕ не ’рбалӕудзынӕ?» Иосафат ын дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, уый хуызӕн».