Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 3:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фӕлӕ Наваты фырт Йоровам израилӕгты цы тӕригъӕдты бацӕуын кодта, уыдоныл фидар хӕцыд, нӕ сӕ ныууагъта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 3:3
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы хабары фӕстӕ дӕр Йоровам йӕ галиу митӕ нӕ ныууагъта. Бынӕттон кувӕндӕттӕн-иу адӕмӕй сауджын суын кӕйдӕриддӕр бафӕндыд, уый-иу сӕвӕрдта сауджынӕй.


Израилы адӕмы ныууадздзӕн Йоровамы тӕригъӕдты тыххӕй, стӕй, Йоровам йӕ адӕмы тӕригъӕды азымы кӕй баппӕрста, уый тыххӕй».


Ды та, дӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр разындтӕ ӕвзӕрдӕр. Иуварс Мӕ фехстай дӕ зӕрдӕйӕ, дӕхицӕн скодтай ӕндӕр хуыцӕуттӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ ӕмӕ Мӕ смӕсты кодтай.


Йӕ фыдау уый дӕр, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ, Йоровам Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон.


Бааса кодта, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ, фӕзмыдта, Израилы адӕмы тӕригъӕдты чи бафтыдта, уыцы тӕригъӕдджын Йоровамы.


Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ кӕй фӕзмыдта, уый йын ӕгъгъӕд нӕ уыди, фӕлӕ ма ракуырдта сидойнӕгты паддзах Етбаалы чызг Иезавелы ӕмӕ кувын байдыдта Баалӕн.


Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕсте нӕ зади Наваты фырт Йоровамӕй, Израилы тӕригъӕдты амӕттаг чи бакодта, уымӕй; уый дӕр уыцы тӕригъӕдтыл бафтыд.


Йоахаз, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамы фӕзмыдта, фӕсте нӕ зади, Израилы адӕмы Йоровам цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдонӕй.


Ӕцӕг, Израилы адӕмы тӕригъӕды чи бафтыдта, уыцы Йоровамы ӕнаккаг митӕ фӕзмыдтой, фӕсте дзы нӕ задысты. Ашерӕйы цӕджындз дӕр лӕууыди Самарийы.


Йеровоам, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади, уый хуызӕн Израилы адӕмы тӕригъӕдты амӕттаг кодта.


Менахем, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, цӕргӕ-цӕрӕнбонты фӕсте нӕ зади Наваты фырт Йоровамӕй. Уый хуызӕн тӕригъӕдты амӕттаг кодта Израилы адӕмы.


ӕмӕ йӕ фыдӕлтау Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади. Уый хуызӕн тӕригъӕдты амӕттаг кодта Израилы адӕмы.


Израилӕгтӕ Давиды хӕдзарвӕндагимӕ байуӕрстой ӕмӕ сӕхицӕн паддзахӕй равзӕрстой Наваты фырт Йоровамы. Уый сын се ’ргом аздӕхта Дунедарӕгӕй ӕмӕ сӕ баппӕрста стыр тӕригъӕды.


Ӕмӕ израилӕгтӕ фӕзмыдтой Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, фӕсте дзы нӕ задысты.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сӕ Дунедарӕг фӕсырдта Йӕ цурӕй, Йӕ лӕггадгӕнӕг пехуымпарты уылты рагацау куыд дзырдта, афтӕ. Израилы адӕм сӕ зӕххӕй хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ ныронг дӕр ма уым сты.


Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.


Фехӕлдта Вефилы нывондхӕссӕн, стӕй, Израилы адӕмы тӕригъӕды амӕттаг чи бакодта, уыцы Йоровам, Наваты фырт, уым цы кувӕн къуыбыр скодта, уый. Арты йӕ басыгъта ӕмӕ йӕ бассадта. Басыгъта табуйаг цӕджындз.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ