Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, ӕцӕг алы хъуыддаджы йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды нӕ фӕзмыдта. Йӕ бынатӕй айста Баалы гуымиры, йӕ фыд кӕй сарӕзта, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 3:2
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бӕллӕх ыл ӕрцыд йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, Дунедарӕджы раз ӕнӕраст митӕ кӕй кодта, уый тыххӕй. Фӕзмыдта Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, уый Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон.


Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.


Ахавы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдоныл никуыма ничи бафтыд, уыдӕттыл ӕй ардаугӕ та кодта йӕ ус Иезавел.


Уый фӕстӕ Йегу Самарийы цӕрджыты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Ахав фаг нӕ балӕггад кодта Баалӕн, хъуамӕ йын ӕз фылдӕр балӕггад кӕнон.


Амон дӕр, йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта.


Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.


Йорам Йегуйы куы ауыдта, уӕд ӕй бафарста: «Куыд сты хабӕрттӕ?» Йегу йын афтӕ: «Куыд хъуамӕ уой, дӕ мад Иезавел кӕйдӕр хуыцӕуттӕм куы кува ӕмӕ йӕхи ӕдзух дӕсныфӕрсӕнтыл куы ирхӕфса, уӕд?»


Уый фӕстӕ Йегу галуанмӕ мидӕмӕ бацыд, уым бахордта ӕмӕ бануӕзта, стӕй загъта: «Уыцы ӕлгъыстаджы кой бакӕнут, баныгӕнут ӕй, уӕддӕр та паддзахы чызг у!»


Сымах-иу сын се ’наккаг митӕ ма бафӕзмут: сӕ хуыцӕуттӕм сын мадӕр кувгӕ кӕнут, мадӕр сын лӕггад кӕнут. Сфӕлдахут сын сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сын ныппырх кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ.


Дунедарӕгмӕ цӕуылнӕ байхъуыстай? Тӕлӕттаг фосыл дӕхи цы ныццавтай ӕмӕ Дунедарӕджы раз фыдми цӕмӕн сарӕзтай?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ