1 Иудейаг паддзах Иосафаты паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Ахавы фырт Йорам. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууадӕс азы.
Иудейаг паддзах Иосафаты паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз Самарийы сахары Израилы паддзах сси Ахавы фырт Ахазиа. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы.
Ӕмӕ Ахазиа амарди; Дунедарӕджы ныхас сӕххӕст, Илийа куыд загъта, афтӕ. Фырт ын нӕ баззад, ӕмӕ йӕ амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси йе ’фсымӕр Йорам. (Уый уыдис, Иосафаты фырт Иорам Иудейы дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.)
Ӕмӕ Израилы паддзах иудейаг паддзахимӕ, Едомы паддзах дӕр семӕ, афтӕмӕй уыцы дард фӕндагыл ахӕцыдысты се ’фсӕдтимӕ. Авд боны куы фӕцыдысты, уӕд сӕм нуазыны дон нал уыд сӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ хайуантӕн дӕр.
Израилы паддзах Йорамы, Ахавы фырты, паддзахиуӕджы фӕндзӕм аз Иудейӕн паддзах сси Иосафаты фырт Иорам.
Сӕ уынаффӕмӕ байхъусгӕйӕ, Израилы паддзах Йорамимӕ, Ахавы фыртимӕ, бабырста Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ Сирийы паддзах Хазаелы ныхмӕ схӕцыди. Сириӕгтӕ йӕ фӕцӕф кодтой,