3 Йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иосиа Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ арвыста Мешулламы байзӕддаг Ацалиайы фырт Шафаны, йӕ нымӕрдары. Бафӕдзӕхста йын:
Асыкк байдзаг ис, уый-иу куы федтой, уӕд-иу паддзахы нымӕрдар ӕмӕ алчер ӕрбацыдысты, ӕвзист-иу дзӕкъулты бабастой ӕмӕ-иу сын сӕ уӕз сбарстой.
Ӕмӕ ныр, Иосиайы паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз, Дунедарӕджы Куадзӕн сбӕрӕг кодтой Йерусалимы.
Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.
Барух Йеремиайы ныхӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары, нымӕрдар Гемариайы, Шафаны фырты, агъуысты хъӕлӕсыдзагӕй бакасти. Йӕ агъуыст уыди Дунедарӕджы хӕдзары Ног кулдуары бацӕуӕны раз, уӕллаг кӕрты.
Шафаны фырты фырт, Гемариайы фырт Миха, фехъуыста Дунедарӕджы ныхӕстӕ, тухгӕ чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдӕттӕ.
Уый ныццыди паддзахы галуанмӕ, нымӕрдарты агъуыстмӕ. Уыцы рӕстӕг уым бадтысты уӕздӕттӕ: нымӕрдар Елишама, Шемайайы фырт Делаи, Ахборы фырт Елнатан, Шафаны фырт Гемариа, Хананиайы фырт Цедекиа ӕмӕ иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.