Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 22:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Иосиа кодта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, йӕхи дзы нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здахгӕйӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 22:2
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый Мын, Мӕ цагъар Давидау, куы аразай, Мӕ фӕдыл куы цӕуай, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттыл дӕхи куынӕ тигъ кӕнай ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дыл ауддзынӕн. Давидау дӕуӕн дӕр дӕ паддзахы хӕдзарвӕндаг сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ, Израил дын бакӕндзынӕн дӕ къухы.


Аса, йӕ фыдӕл Давидау, арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ.


уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.


Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды, Дӕ цагъары, кад ӕмӕ радӕй Дын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ Дыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивта, уый тыххӕй. Дӕ хорзӕх ӕй ис абон дӕр, ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадын кодтай йӕ фырты.


Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, адӕм йӕ заманы дӕр кусӕрттӕ кодтой ӕмӕ буд сыгътой уыцы къуыппытыл.


Амациа йӕ фыд Иоасау Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. Ӕцӕг, уымӕй йӕ фыдӕл Давиды не ’ййӕфта.


Ахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн, Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕхцон цы у, уыдӕттӕ нӕ кодта.


Езекиа, йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта.


Дунедарӕг аудыдта Иосафатыл, уымӕн ӕмӕ уый алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта, йӕ фыдӕл Давид йӕ паддзахиуӕджы райдиан цы хъуыддӕгтӕ кодта, уыдон: Баалтӕн нӕ куывта,


Езекиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ.


Ӕппӕт адӕттӕ сарӕзта Езекиа ӕгас Иудейы. Уый кодта хорз, раст ӕмӕ Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ.


Иосиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз азы.


Адӕймаг ӕрыгонӕй дӕр йӕ митӕй бӕрӕг вӕййы — йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ цӕсгомджын сты ӕви нӕ.


Дӕ фӕндагыл дыууӕрдӕм ма кӕн, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз.


Ацы чиныджы фыст ӕрцыди Софониайы рагуац Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Куши, Гедалиа, Амариа, Езекиа. Дунедарӕг ын ацы рагуац фехъусын кодта, Амоны фырт Иосиа Иудейы паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.


Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.


Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ