Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 20:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 «О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм куы хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон куы ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ Езекиа судзаг цӕссыг ӕруагъта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 20:3
47 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Левиттӕн загътон, цӕмӕй сӕхи ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ кулдуары раз хъалагъур ӕрлӕууой, сабаты бон уаз куыд уа, афтӕ. Уыдӕттӕ дӕр мын ма ферох кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ мын ныххатыр кӕн Де стыр хорзӕхы фӕрцы!


Ӕппӕт уыдӕттӕ мын бахъуыды кӕн, мӕ Хуыцау, ӕмӕ, мӕ Хуыцауы хӕдзар ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цы биноныг хъуыддӕгтӕ сарӕзтон, уыдон мын нымад ӕрцӕуӕнт!


Ацы адӕмӕн цыдӕриддӕр фӕдӕн, уыдон мын хорзӕн фӕкӕн, мӕ Хуыцау!


Батыхстӕн, цӕмӕй суг дӕр афоныл уа ӕмӕ хоры сӕртӕ дӕр. Ма мӕ рох кӕн, о мӕ Хуыцау, хорз мын ракӕн!


Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Уымӕ гӕсгӕ тынг ӕнувыд ут Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, ӕмӕ Йын абонау ӕдзухдӕр ӕххӕст кӕнут Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ».


Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.


Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый».


Махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагзамантӕ, Моисейы хабӕрттӕ, ӕмӕ ныдздзынӕзтам: «Денджызы хуылфӕй нӕ Йӕ адӕмы фыййауимӕ Чи ракодта, Уый цы фӕцис? Кӕм ис, Моисейы Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта,


Мӕ хъӕлӕс уыди зӕрватыччы цъиу-цъиуы, бӕлоны хъуырруйы хуызӕн. Арвы бӕрзондмӕ кастӕн ныфссастӕй ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг! Нал фӕразын, фӕдзӕхсын дыл Мӕхи!“


Йӕ маст нӕ судздзӕни мыггагмӕ, ӕнустӕм маст Йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.


Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй, ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл.


Стаудзынӕн дӕ хъӕрӕй, Дӕ диссаджы хабӕрттыл Дын дзурдзынӕн.


Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн. Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн?


«Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не ’рхӕцыд? — бафарста Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ исты фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы».


Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.


Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта. Фӕлӕ уӕддӕр Аса цӕрӕнбонты иузӕрдион уыди Дунедарӕгыл.


Куы базӕронд ис, уӕд ӕй фӕцахуыр кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл, ӕмӕ йӕ фыд Давидау тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, зӕгъгӕ, уый зӕгъӕн дзы нал уыд.


Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды, Дӕ цагъары, кад ӕмӕ радӕй Дын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ Дыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивта, уый тыххӕй. Дӕ хорзӕх ӕй ис абон дӕр, ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадын кодтай йӕ фырты.


Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“.


Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!


Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.


Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау Йӕхимӕ айста Енохы.


Мефушалы райгуырды фӕстӕ ма Енох фӕцард ӕртӕсӕдӕ азы, Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.


Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.


Дӕ фыд Давидау Мын иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй куы лӕггад кӕнай, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай,


Езекиа къулы ’рдӕм базылдта йе ’ргом ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта:


Исайа ма сахары уыд, афтӕ йӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Езекиамӕ бацу ӕмӕ йын Мӕ номӕй, Давиды Хуыцауы номӕй, зӕгъ: «Дӕ куывд дын фехъуыстон, федтон дын дӕ цӕстысыг дӕр ӕмӕ дӕ Ӕз сдзӕбӕх кӕндзынӕн. Абонӕй ранымайгӕйӕ ӕртыккаг бон бацӕудзынӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ.


Давиды псалом. Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг: кӕмӕй мын у тас? Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг: кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?


Ӕнӕхъӕн ӕфсад куы ’рлӕууа мӕ ныхмӕ, уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн. Хӕст куы райдайа, уӕд дӕр мӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн.


ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ды дӕ, уӕларвы дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Иудадзыг Дӕ лӕггадгӕнджытыл, зӕрдиагӕй Дын чи кусы, уыдоныл ӕнувыд дӕ. Хъахъхъӕныс, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый ӕмӕ сыл аудыс ӕдзухдӕр.


Хуыцауы тас дын ӕнцой хъуамӕ ма дӕттид, дӕ фӕндӕгты ӕнаипдзинад — фидар ныфс?


Мӕ хӕлӕрттӕ мыл худынц, фӕлӕ мӕ цӕссыг Хуыцауы раз калын.


Бафӕлладтӕн мӕ хъӕрзынӕй, ӕрвылӕхсӕв мӕ сынтӕджы калын мӕ цӕссыг, цӕстысыгӕй мӕ хуыссӕнуат ныхсын.


Фыдбылызтӕ мыл ӕнӕнымӕцӕй ӕртыхстысты, мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ баййӕфтой ӕмӕ мын сӕхгӕдтой мӕ цӕсты рухс: мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты, мӕ ныфс фесӕфти.


Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ