Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 2:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Цӕугӕдоны фаллаг фарс Илийа загъта Елисейӕн: «Исты мӕ ракур, цалынмӕ мӕ Дунедарӕг дӕ цурӕй нӕма айста, уӕдмӕ». Елисей йын загъта: «Цы уд дӕм ис, уымӕй мын дыууӕ ахӕмы ратт!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 2:9
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ-иу байсӕрд Нимшийы фырт Йегуйы, ӕмӕ йӕ скӕн Израилы паддзах. Авел-Мехолӕйаг Шафаты фырт Елисейы дӕр-иу байсӕрд ӕмӕ йӕ пехуымпар скӕн дӕ бӕсты.


Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»


Асафы псалом. Куыд ауды Хуыцау Израилыл, куыд ауды сыгъдӕгзӕрдӕтыл!


Куы райхъал уай, уӕд фын куыд ӕрбайсӕфы, афтӕ сын Ды, Бардарӕг, фесафдзынӕ сӕ бӕллицтӕ.


Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни.


Ныфссаст уацайрӕгтӕ! Раздӕхут уӕ фидармӕ! Абон дын Ӕз хъусын кӕнын: дӕ хъизӕмӕрттӕ дын дывӕрӕй бафиддзынӕн.


Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.


Дунедарӕг ӕврагъы раргом ис ӕмӕ ныхас кодта Моисеимӕ. Райста, цы Уд ыл уыдис, уымӕй ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕры схайджын кодта. Хистӕртӕ Удӕй куы схайджын сты, уӕд пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахаста.


Фӕлӕ уын Ӕз, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: Мӕ ацыд сымахӕн хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ, Ӕз куынӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг не ’рцӕудзӕн. Куы ацӕуон, уӕд та уӕм Ӕй рарвитдзынӕн.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».


Петр ӕмӕ сыл Иоанн ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты.


Тырнут уӕлдӕр курдиӕттӕм. Ӕз уын бацамондзынӕн тӕккӕ хуыздӕр фӕндаг.


Кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу у цоты хистӕр, ӕмӕ бынтӕй дыууӕ хайы раттын уымӕн ӕмбӕлы. Хистӕры хай уымӕ хауы.


Моисей Нуны фырт Йешуайыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Йешуа уӕлзондӕй схайджын ис. Израилӕгтӕ йӕ коммӕ кастысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.


Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ