Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 17:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иуахӕмы Салманесер бафиппайдта, Израилы паддзах йӕ ныхмӕ архайы, уый. Зӕгъӕм, Осиа йӕ минӕвӕртты ӕрвитын райдыдта Мысыры паддзах Со, зӕгъгӕ, уымӕ, Ассирийы паддзахӕн та ӕрвылазы хъалон нал фыста. Уӕд ӕй Салманесер ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 17:4
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ау, Езекиа уӕ сайгӕ нӕ кӕны, сыдӕй ӕмӕ уӕ дойныйӕ амарынмӕ нӕ хъавы, афтӕ уын кӕй дзуры, уымӕй: „Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, мах ассириаг паддзахы къухӕй фервӕзын кӕндзӕн“?


Цедекиайӕн йӕ фыртты аргӕвстой йӕ цӕстыты раз, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ хъадаманты мидӕг Вавилонмӕ акодтой.


Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Йерусалим ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм, ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Цедекиа нал уисӕн кодта Вавилоны паддзахӕн.


Йӕ паддзахиуӕджы заман Иудеймӕ ӕд ӕфсад ӕрбацыди Вавилоны паддзах Навуходоносор, ӕмӕ Иоаким йӕ дӕлбар балӕууыд. Ӕртӕ азы йын фӕлӕггад кодта, стӕй йын нал уисӕн кодта.


Дӕ зӕрдӕ Мысырыл дарыс, хъӕзы цъӕл зӕнгыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, ууыл. Ахӕм у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.


Уӕхи дӕр ӕмӕ, уӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрат, уый дӕр Дунедарӕг акӕндзӕни, сымах дӕр кӕй нӕ зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ, ӕмӕ уыцы ран ӕндӕр хуыцӕуттӕн — бӕлӕстӕ ӕмӕ дуртӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Ассирийы паддзах Салманесер ӕд ӕфсад Израилмӕ куы ӕрбабырста, уӕд Осиа йӕ дӕлбар ныллӕууыд, йӕ хъалондар сси.


Уӕд Ассирийы паддзах бабырста ӕгас Израилы зӕхмӕ, ӕрхъула кодта Самарийы сахарыл ӕмӕ йӕ ӕртӕ азы фӕстӕ,


Ӕнӕпайда ныхӕстӕ кӕнынц; мӕнг сомытӕ кӕнгӕйӕ, сфидар кӕнынц сӕ бадзырдтӕ. Фӕлӕ, гутонвӕды маргджын хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрзайы, уыйау талатӕ суадздзӕни сӕ раст тӕрхон.


Кӕм ис ныр уӕ паддзах, цӕуылнӕ уӕ фервӕзын кӕны уӕ алы сахары дӕр? Кӕм сты уӕ тӕрхоны лӕгтӕ, афтӕ кӕй тыххӕй дзырдтат: «Ратт нын паддзах ӕмӕ фӕтӕгтӕ».


Фӕлӕ адӕмтӕн цыфӕнды лӕвӕрттӕ куы уарой, уӕддӕр сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн тӕрхонмӕ, ӕмӕ хъомысджын паддзахы ӕфсондзы бын хъизӕмарӕй мӕлдзысты.


Фӕлӕ Дунедарӕг Иудӕимӕ дӕр тӕрхон кӕны. Уый Йаковы йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ