9 Йоахаз куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Самарийы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йоаш.
Фӕхъыг ыл кӕндзысты Израилы адӕм ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдзысты. Йоровамы хӕдзаронтӕй иунӕг уый ӕрцӕудзӕни зӕппадзы ӕвӕрд, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, иунӕг уымӕ ссардта хорз миниуджытӕ.
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Самарийы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йоахаз.
Иудейы паддзах Иоасы паддзахиуӕджы ӕртын ӕвдӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Йоахазы фырт Йоаш. Йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕхсӕрдӕс азы.
Куы амарди, уӕд Израилӕн паддзах сси Йеровоам. Йоашӕн та йӕ мард бавӕрдтой Израилы паддзӕхты зӕппадзы, Самарийы.
Йоахазы иннӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йе сгуыхтытӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».
Уыцы заман Амациа минӕвӕрттӕ арвыста паддзах Йоашмӕ, Йоахазы фыртмӕ, Йегуйы фырты фыртмӕ, мӕ размӕ рацу ӕмӕ нӕ хъарутӕ лӕгӕй-лӕгмӕ бавзарӕм, зӕгъгӕ.