4 Фӕлӕ Йоахаз Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кодта, ӕмӕ йӕм Дунедарӕг байхъуыста, уымӕн ӕмӕ федта, Арамы паддзах израилӕгты куыд ӕфхӕрдта, уый.
Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.
Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».
Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаел ссӕста израилӕгты.
Фӕлӕ сӕм уӕддӕр Дунедарӕджы зӕрдӕ фӕсасти ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ. Нал Ӕй бафӕндыд сӕ фесафын ӕмӕ сӕ нал аздӕхта Йе ’ргом.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилы адӕмӕн федта сӕ тыхст уавӕр, сӕрысӕфтмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ сыл иу фӕхӕцӕг кӕй нал ис, уый.
«Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе ’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.
Цыбыр дзырдӕй, мах ком дардтам ӕмӕ нӕ Хуыцаумӕ куывтам, ӕмӕ Йӕм нӕ куывд фехъуысти.
Скувдзынӕ Йӕм, ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн, ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,
Израилӕгты дзыназын Мӕм сыхъуыст, федтон, мысырӕгтӕ сӕ куыд ӕфхӕрынц, уый.
О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.
Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.
«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!»
балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.
Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй,
ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой: «Тӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы! Нӕ Хуыцауы ныууагътам ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кӕнын райдыдтам!»