Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 13:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иудейаг паддзах Иоасы, Ахазиайы фырты, паддзахиуӕджы дыууын ӕртыккӕгӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Йегуйы фырт Йоахаз. Йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕвддӕс азы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 13:1
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иоас Иудейы паддзах сси авдаздзыдӕй.


Ӕвдӕм аз куы ралӕууыд, уӕд сауджын Йехода паддзахы сӕдӕйыхицӕуттӕм ӕмӕ галуан хъахъхъӕнджытӕм фӕдзырдта. Йӕхимӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбакодта, семӕ бафидыдта, ног паддзахыл иузӕрдион кӕй уыдзысты, уый тыххӕй сын ард бахӕрын кодта ӕмӕ сын паддзахы фырты равдыста.


Паддзах куы сси Йерусалимы, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста иу аз. Йӕ мад Атали уыд израилаг паддзах Амрийы чызг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ахазиа хион ӕййӕфта Ахавы мыггагӕн. Ахавӕн йе ’наккаг митӕ фӕзмыдта, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ кодта.


Йӕ дӕлдӕртӕ, чи йӕ амардта, уыдон уыдысты: Шиматы фырт Йозавад ӕмӕ Шомеры фырт Йехозавад. Йӕ мард ын бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа.


Йоахаз, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамы фӕзмыдта, фӕсте нӕ зади, Израилы адӕмы Йоровам цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдонӕй.


Дунедарӕг Йегуйӕн загъта: «Мӕ рӕстаг фӕндон Мын кӕй сӕххӕст кодтай ӕмӕ Ахавы хӕдзарӕн, Мӕн куыд фӕндыд, афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгтӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг Израилы паддзахы бадӕны баддзысты».


Израилы паддзах Йегуйы паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз паддзах сси Иоас ӕмӕ Йерусалимы сахары паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы. Йӕ мад Цивйа уыди беер-шевӕйаг чызг.


Иудейы паддзах Иоасы паддзахиуӕджы ӕртын ӕвдӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Йоахазы фырт Йоаш. Йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕхсӕрдӕс азы.


Афтӕ сӕххӕст ис Дунедарӕджы ныхас, кӕддӕр Йегуйӕн кӕй загъта, уый: «Дӕ фырттӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг баддзысты Израилы паддзахы бадӕны».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ