Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 11:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕвдӕм аз куы ралӕууыд, уӕд сауджын Йехода паддзахы сӕдӕйыхицӕуттӕм ӕмӕ галуан хъахъхъӕнджытӕм фӕдзырдта. Йӕхимӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбакодта, семӕ бафидыдта, ног паддзахыл иузӕрдион кӕй уыдзысты, уый тыххӕй сын ард бахӕрын кодта ӕмӕ сын паддзахы фырты равдыста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 11:4
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосеф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».


Йоав уыди ӕгас Израилы ӕфсады хицау, Йеходайы фырт Бенайа — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты хицау,


Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн, Давиды фырттӕ уыдысты сауджынтӕ.


Роховам уыдоны бӕсты скӕнын кодта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ паддзахы галуаны дуар хъахъхъӕнджыты хицӕутты бӕрны бакодта.


Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй! Иу адӕм, иу паддзахад дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ мӕ хицау дӕу агурӕг кӕдӕм нӕ арвыста. Куы-иу ын загътой дӕуӕй, махмӕ нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ард бахӕрын кодта уыцы ӕмӕ уыцы адӕмӕн кӕнӕ уыцы ӕмӕ уыцы паддзахӕн, уыдонмӕ кӕй нӕ разындтӕ, ууыл.


Йехода иудейаг адӕм ӕмӕ паддзахӕн Дунедарӕгимӕ фидыд саразын кодта. Адӕмы сӕйраг хӕс — Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын. Ноджы ма Йехода саразын кодта фидыд паддзах ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр.


Уый тыххӕй бардзырд радта сӕдӕйыхицӕуттӕн, стӕй паддзахы хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Ӕмӕ паддзахы Дунедарӕджы Кувӕндонӕй хъахъхъӕнджыты кулдуарыл паддзахы галуанмӕ бахуыдтой. Ӕмӕ паддзах уым йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадт.


Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ дыджызӕимӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы, цалынмӕ Атали паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ.


Сӕдӕйыхицӕуттӕ бакодтой, сауджын Йехода сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Алчидӕр сӕ ӕрӕмбырд кодта йӕ адӕмы, сабаты хъалагъур хӕссыны тыххӕй кӕрӕдзийы ивӕг къордты, ӕмӕ афтӕмӕй Йеходамӕ ӕрбацыдысты.


Ӕмӕ уӕд паддзах Иоас фӕдзырдта Йехода ӕмӕ иннӕ сауджынтӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Кувӕндон цӕуылнӕ сцалцӕг кӕнут ныронг? Уӕдӕ афтӕ! Ӕххуыс уын чи кӕны, уыдонӕй ӕхца мауал исут, фӕлӕ сӕ раттут Кувӕндон цалцӕгӕн кӕнынӕн».


Уый фӕстӕ паддзах уым уӕлӕуӕз йӕ сӕрмагонд бынаты слӕууыд ӕмӕ Дунедарӕджы цӕсгомы раз сфидар кодта Фидыд — Дунедарӕджы коммӕ кӕй кӕсдзӕн, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ацы Фидыды чиныджы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон дӕр. Ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр ууыл бафидыдтой.


Семӕ ӕрыздӕхтысты се ’рвадӕлтӕ дӕр, мыггӕгты хистӕртӕ, мин авдсӕдӕ ӕхсай лӕджы — Хуыцауы хӕдзары фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕ.


Афтӕмӕй Дунедарӕгимӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ, фидыд сарӕзтой ӕмӕ дзырд радтой, сӕ уд, сӕ зӕрдӕ кӕй хъардзысты кад Ын кӕныныл,


Ныр ӕз сфӕнд кодтон бафидауын Дунедарӕгимӕ, Израилы Хуыцауимӕ, кӕд нӕ Йӕ масты цӕхӕртӕ иуварс аздахид.


Иууылдӕр израилӕгты дзырддзӕугӕдӕрты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Ард бахордтой ӕмӕ сомы ракодтой, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Хуыцауы цагъар Моисейы къухӕй лӕвӕрд чи у, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты;


Уыдон загътой: «Фӕстӕмӕ сын сӕ ратдзыстӕм ӕмӕ сӕ ницыуал домдзыстӕм. Ды куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзыстӕм». Уыйадыл сауджынтӕм фӕсидтӕн ӕмӕ сын ард бахӕрын кодтон, афтӕ кӕй бакӕндзысты, уый тыххӕй.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй мах аразӕм бардзырд, йӕ быны сӕ къухтӕ ӕвӕрынц ӕмӕ фыст афтӕмӕй фидар кӕнынц нӕ фӕтӕгтӕ, левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ».


Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.


Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй.


Йешуа уыцы бон адӕмимӕ бафидыдта, уым сын, Шехемы сахары, радта Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ.


Ионатан Давидӕй загъта ӕрдхорд, уымӕн ӕмӕ йӕ бауарзта йӕхи удау.


Дунедарӕджы раз та кӕрӕдзийӕ ногӕй ӕрдхӕрдтӕ загътой. Ӕмӕ Давид баззади Хорешы, Ионатан та йӕ хӕдзармӕ раздӕхт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ