Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 11:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ дыджызӕимӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы, цалынмӕ Атали паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 11:3
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ паддзах Иорамы чызг Йошевӕ, Ахазиайы хо, паддзахы фыртты ’хсӕнӕй радавта Ахазиайы чысыл лӕппу Иоасы, йӕ дыджызӕйы дӕр ын ракодта, ӕмӕ лӕппуйы хуыссӕнуаты бамбӕхстой Аталийӕ. Уый фӕрцы Иоас мӕлӕтӕй фервӕзти.


Ӕвдӕм аз куы ралӕууыд, уӕд сауджын Йехода паддзахы сӕдӕйыхицӕуттӕм ӕмӕ галуан хъахъхъӕнджытӕм фӕдзырдта. Йӕхимӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбакодта, семӕ бафидыдта, ног паддзахыл иузӕрдион кӕй уыдзысты, уый тыххӕй сын ард бахӕрын кодта ӕмӕ сын паддзахы фырты равдыста.


Дунедарӕджы Кувӕндоны Иоас семӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы. Бӕстӕйы та уыцы заман паддзахиуӕг кодта Атали.


Ус банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Лӕппу рӕсугъд у, уый федта ӕмӕ йӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхстӕй фӕдардта.


Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы».


Уыцы къордимӕ Офрайы сахармӕ, йӕ фыды мыггаг кӕм цардис, уырдӕм ӕрбацыд ӕмӕ йӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ӕфсымӕры иу дуры сӕрыл амардта. Ӕрмӕст Гедеоны кӕстӕр фырт Йотам бамбӕхсти ӕмӕ уый фӕрцы аирвӕзт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ