4 Уыдонӕн фыр тӕссӕй сӕ уд ауад Йегуйы ныхӕстӕм ӕмӕ загътой: «Дыууӕ паддзахы бон ын ницы баци, уӕд ын мах бон цы бауыдзӕн?»
Гъемӕ уӕ паддзахы зӕнӕгӕн сӕ хуыздӕры равзарут ӕмӕ йӕ сбадын кӕнут йӕ фыды паддзахы бадӕны, ӕмӕ уӕ паддзахады сӕраппонд рахӕцут».
Йегу йӕ фат суагъта, ӕмӕ Йорамӕн йӕ дыууӕ уӕны ’хсӕн бацыд ӕмӕ йын разӕй йӕ зӕрдӕ ратыдта. Йорам йӕ уӕрдоны куы ’рхаудта,
Ныр иудейаг паддзах Ахазиа та фӕцӕйлыгъди Бет-Ганы ’рдӕм. Фӕлӕ йӕ Йегу фӕсте асырдта ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн бардзырд радта: «Уый дӕр амарут йӕ уӕрдоны!» Хабар ӕрцыди Гуры бӕрзӕндыл, Ивлеамы сахармӕ ӕввахс. Ахазиа ма Мегиддойы сахармӕ баирвӕзт ӕмӕ уым амард.
Кӕрӕдзимӕ афтӕ хӕстӕг сты, ӕмӕ сӕ астӕуты уӕлдӕф дӕр нӕ ацӕудзӕн.
Мӕ маст ӕм ссыди, фӕлӕ дзы каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ куы фенон, уӕд сӕ срӕдувдзынӕн, бынсыгъд сӕ бакӕндзынӕн.
Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»
Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!
Кӕнӕ иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕни, мыййаг, ӕмӕ, ссӕдз минимӕ йӕ размӕ чи рацӕуы, уый ныхмӕ дӕс минимӕ фӕлӕууын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уый тыххӕй рагацау нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн?