2 «Уӕ паддзахы цот уӕ разы сты. Ис уӕм хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ, уӕ сахар фидар ӕмӕ ӕдас у, фаг уӕм ис хӕцӕнгӕрзтӕ дӕр.
Гъемӕ уӕ паддзахы зӕнӕгӕн сӕ хуыздӕры равзарут ӕмӕ йӕ сбадын кӕнут йӕ фыды паддзахы бадӕны, ӕмӕ уӕ паддзахады сӕраппонд рахӕцут».
Израилы паддзахыл сӕмбӕлын кодта йӕ паддзахы фыстӕг. Фыст дзы уыдис: «Ацы фыстӕгимӕ дӕм ӕрвитын мӕ лӕггадгӕнӕг Нееманы, ӕмӕ-иу ӕй сдзӕбӕх кӕн йӕ хъотырнизӕй!»