Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Самарийы сахары Ахавы фырттӕ ӕмӕ йӕ фырты фырттӕ нымӕцӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз. Йегу арвыста фыстӕджытӕ Самаримӕ, Изреелы хицӕуттӕм — сахары хистӕртӕм ӕмӕ Ахавы цоты хъомылгӕнджытӕм. Фыст дзы уыдис:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 10:1
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уый Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй ӕмӕ, Самарийы сахарты цы мӕнг кувӕндӕттӕ ис, ӕппӕт уыдоны тыххӕй цы загъта, уый».


Амри Семерӕй ӕвзисты дыууӕ талантӕй балхӕдта Самарийы къуылдым, сарӕзта йыл сахар ӕмӕ йӕ схуыдта Самари, йӕ раздӕры хицау Семеры номыл.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Самарийы сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахав.


«Кӕсыс, Ахав Мӕ разы куыд ӕртасыди, уымӕ! Афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын Ӕз йӕ мыггаг, цалынмӕ йӕхӕдӕг ӕгас у, уӕдмӕ фыдбылызы амӕттаг нӕ бакӕндзынӕн; йӕ фырт паддзах куы суа, уӕд бафтаудзынӕн фыдбылызтӕ йӕ хӕдзарыл».


Иуахӕмы чызг йе ’хсинӕн загъта: «Самарийы цы пехуымпар цӕры, уымӕ куы ацӕуид ме ’лдар, уӕд ӕй уый йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнид».


Уый фӕстӕ Ахазиайы агурын райдыдта ӕмӕ, Самарийы ӕмбӕхстӕй куы бадти, уӕд ахст ӕрцыди. Йегумӕ йӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Бавӕрыны аккаг ӕй скодтой, уымӕн ӕмӕ загътой: «Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Дунедарӕгӕн зӕрдиагӕй кад чи кодта, уыцы Иосафаты фырты фырт у». Ӕмӕ Ахазиайы хӕдзары, паддзахиуӕг кӕнын йӕ бон кӕмӕн суыдаид, ахӕмӕй ничиуал баззад.


Дунедарӕг Осиайӕн загъта: «Сӕвӕр ыл ном Изреел. Чысыл рӕстӕджы фӕстӕ Мын Изреелы туг Йегу бафиддзӕни, ӕмӕ Ӕз йӕ бындур ныззилдзынӕн Израилы паддзахӕн.


Ацы адӕмы ӕз равзӕрын кодтон исты, ӕз сӕ ныййардтон? Мӕ хъӕбысы мын сӕ, дыджызӕ дзидзидайы куыд хӕсса, уыйау цӕмӕн хӕссын кӕныс, сӕ фыдӕлтӕн сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтай, уырдӕм?


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.


Уыдис ын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты, алкӕмӕ дӕр дзы уыди хӕрӕг, уыди сӕм дӕс ӕмӕ ссӕдз хъӕуы. Абоны онг уыцы хъӕутӕ сты Галаады ӕмӕ сӕ хонынц Иаиры хъӕутӕ.


Уыдис ын дыууиссӕдз фырты ӕмӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты фырты. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕйнӕ хӕрӕджы. Аст азы дӕргъы Авдон уыди Израилы фӕтӕг.


Гедеонӕн райгуырди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ устытӕ уыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ