Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 ӕмӕ йӕм арвыста фӕндзайыхицау йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Ныр Илийа та хохы сӕрыл бадти. Фӕндзайыхицау ӕм куы схӕццӕ ис, уӕд ын загъта: «Хуыцауы минӕвар, паддзах зӕгъы, цӕмӕй дӕлӕмӕ рацӕуай!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 1:9
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»


Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй! Иу адӕм, иу паддзахад дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ мӕ хицау дӕу агурӕг кӕдӕм нӕ арвыста. Куы-иу ын загътой дӕуӕй, махмӕ нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ард бахӕрын кодта уыцы ӕмӕ уыцы адӕмӕн кӕнӕ уыцы ӕмӕ уыцы паддзахӕн, уыдонмӕ кӕй нӕ разындтӕ, ууыл.


Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.)


Ӕмӕ Ахав минас кӕнынмӕ ацыд, Илийа та Кармелы хохмӕ ссыди, зӕхмӕ ӕргуыбыр кодта, йӕ сӕр йӕ уӕрджыты ’хсӕн бакодта


Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».


Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».


Ардыгӕй Елисей бацыди Кармелы хохмӕ, стӕй уырдыгӕй Самаримӕ ӕрбаздӕхт.


Афтӕмӕй араст ис ӕмӕ бахӕццӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ, Кармелы хохмӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕй дардмӕ базыдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийӕн загъта: «Уый уыцы шунемаг сылгоймаг у.


Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.


Ӕмӕ Амациа загъта Амосӕн: «Пехуымпар, ардыгӕй Иудӕйы зӕхмӕ ацу, уым дӕхицӕн къӕбӕрваг кус ӕмӕ уыцы ран пехуымпариуӕг кӕн.


Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.


ӕмӕ дзырдтой: «Чырысти, кӕд пехуымпар дӕ, уӕд-ма базон, чи Дӕ ныццавта, уый».


Сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты Йӕ разы ӕмӕ Йӕ мӕстӕй мардтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»


Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон сӕ сӕртӕ ӕнкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг!


Чырысти, Израилы Паддзах! Ныр дзуарӕй ӕрхизӕд, цӕмӕй Йӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм ӕмӕ Йыл баууӕндӕм». Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыдон дӕр Ӕй фаудтой.


Уый фенгӕйӕ, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йаков ӕмӕ Иоанн тынг смӕсты сты: «Хицау, кӕд Дӕу фӕнды, уӕд мах дӕр, Илийа куыд бакодта, афтӕ зӕгъдзыстӕм, ӕмӕ уӕларвӕй арт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕ бавзалы кӕндзӕни».


Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой.


Саул уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд арвыста ӕндӕр чапарты, фӕлӕ уыдон дӕр фыццӕгты хал ахордтой. Уый фӕстӕ Саул арвыста ӕртыккаг чапарты къорд, фӕлӕ та уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ