4 Уый тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы уӕ паддзахӕн: ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ». Илийа бакодта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ,
ӕрмӕст хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласмӕ ма бавнал. Йӕ дыргътӕй йын куы фӕхъӕстӕ уай, уӕд уыцы бон ӕрбамӕлдзынӕ».
«Нӕ амӕлдзыстут, — загъта калм сылгоймагӕн. —
Ды та дӕ хӕдзармӕ ацу. Ӕцӕг, куыддӕр сахармӕ бацӕуай, афтӕ дӕ саби амӕлдзӕн.
Илийа араст ис Ахавмӕ, цӕмӕй йӕ разы ӕрлӕууа. Ныр Самарийы та скодта ӕвирхъау стонг заман.
Загъта йын: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Цыма Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, уыйау дӕ минӕвӕртты Екроны хуыцау Баал-Зевувы бафӕрсынмӕ кӕй арвыстай, уый тыххӕй дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“».
ӕмӕ Ахазиайы минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты. Уый сӕ бафарста: «Фӕстӕмӕ цӕй тагъд ӕрбаздӕхтыстут?»
Дзуапп ын радтой: «Нӕ размӕ рацыдис иу лӕг ӕмӕ нын загъта: „Цӕут ӕмӕ уӕ рарвитӕг паддзахӕн фехъусын кӕнут, Дунедарӕг ын цы зӕгъы уый: Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, ӕви? Дӕ минӕвӕртты цӕмӕн рарвыстай Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ? Уый тыххӕй ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“».
Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Ӕрбацыди йӕм пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».
Елисей йын загъта: «Цу ӕмӕ йын афтӕ зӕгъ: „Сдзӕбӕх уыдзынӕ“. Фӕлӕ мын Дунедарӕг раргом кодта, кӕй амӕлдзӕн, уый».
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый цӕрдзӕн, фыддзинады фӕдыл чи згъоры, уый мӕлӕтмӕ тырны.
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдонӕй загъта: «Амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры». Ӕмӕ сӕ ничиуал баззад, Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ.
Канд дӕу нӕ, фӕлӕ ӕгас Израилы дӕр Уый филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн. Райсом ды дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр февзӕрдзыстут, ӕз кӕм дӕн, уым. Израилы ӕфсад та филистимӕгты къухмӕ ратдзӕни Дунедарӕг».