Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




4 Паддзахӕдтӕ 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ахазиа иуахӕмы, Самарийы йын цы галуан уыди, уымӕн йӕ уӕлхӕдзары гӕрӕны сӕрты рахауд ӕмӕ фӕрынчын ис. Филистимаг сахар Екронмӕ йӕ минӕвӕртты арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Бафӕрсут Екроны хуыцау Баал-Зевувы, сдзӕбӕх ма уыдзынӕн ӕви нӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




4 Паддзахӕдтӕ 1:2
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.


Демӕ йын ахӕсс дӕс дзулы, гуылтӕ ӕмӕ мыды дурын. Уый дын зӕгъдзӕн, нӕ рынчын лӕппу цы бауыдзӕн, уый».


Иу заман Сирийы ӕфсадӕй иу хӕстон зӕрдаивӕй йӕ фат суагъта ӕмӕ Израилы паддзахы фӕцӕф кодта. Фат згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты ’хсӕнты бацыд. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Ардыгӕй мӕ алас! Цӕф дӕн».


Афтӕ амардис Ахав, ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахазиа.


Загъта йын: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Цыма Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, уыйау дӕ минӕвӕртты Екроны хуыцау Баал-Зевувы бафӕрсынмӕ кӕй арвыстай, уый тыххӕй дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“».


Дунедарӕджы зӕд тишбийаг Илийайӕн загъта, цӕмӕй самариаг паддзахы минӕвӕрттӕн сӕ размӕ ацӕуа ӕмӕ сын зӕгъа: «Израилы зӕххыл Хуыцау нӕй, ӕви? Цӕмӕн цӕут Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ?


Дзуапп ын радтой: «Нӕ размӕ рацыдис иу лӕг ӕмӕ нын загъта: „Цӕут ӕмӕ уӕ рарвитӕг паддзахӕн фехъусын кӕнут, Дунедарӕг ын цы зӕгъы уый: Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, ӕви? Дӕ минӕвӕртты цӕмӕн рарвыстай Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ? Уый тыххӕй ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“».


Сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытыл ӕмӕ сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд дыууӕ уӕныджы, стӕй Ашерӕйы цӕджындз. Кувын райдыдтой арвы стъалытӕм ӕмӕ табу кодтой Баалӕн.


Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?


Сычъийы хуызӕн, саджы ’нгӕс у мӕ уарзон. Мӕнӕ нӕ сисы цур ӕрлӕууыди, рудзынгмӕ кӕсы, хызӕджы уылты ’рбакӕсы мидӕмӕ.


Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.


Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ныууагътай Дӕ адӕмы, Йаковы хӕдзарвӕндаджы, уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй байдыдтой Скӕсӕны адӕмты фӕзмын. Филистимӕгтау сӕм фӕзынди дӕсныфӕрсджытӕ, ӕндӕрбӕстӕгтимӕ сӕмдзӕхдон сты.


Ау, мӕ фыдӕлтӕ кӕй ныццагътой, уыцы адӕмты — Гозан, Харан, Рецеф ӕмӕ, Телассары чи ис, уыцы Едены цӕрджыты — сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой?


басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты. Адӕймаг сӕ хъӕд ӕмӕ дурӕй скодта, ӕмӕ ассириӕгты бон уымӕн баци сӕ ныппырх кӕнын.


Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?


Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ та дзырдтой, Веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты дӕр се ’лдары хъаруйӕ суры.


Иуӕй-иутӕ ма афтӕ дӕр загътой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдар Веелзевулы хъаруйӕ».


Иу лӕппу, йӕ ном — Евтих, бадти рудзынджы тӕрвазыл. Павелы дӕргъвӕтин ныхасы рӕстӕг ыл хуыссӕг фӕтых ис, тарф фынӕй баци ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыгӕй рахауд. Куы йыл схӕцыдысты, уӕд разынди мард.


Дарддӕр арӕн рахызт Екроны цӕгатвахсмӕ ӕмӕ фӕзылди Шиккероны ’рдӕм, ахызти Баалайы хӕхбӕстыл ӕмӕ бахӕццӕ Йавнелмӕ, уырдыгӕй та йӕхи айтыгъта суанг денджызы онг.


Дӕ хуыцау Кемош дын кӕй радта, уыцы зӕххытӕ дӕ къухы не сты? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ Хуыцау, Дунедарӕг, цы зӕххытӕ радта, уыдон нӕ бар сты.


Сисерайы мад рудзынгӕй кӕсы, йӕ хъӕлӕс райхъуысы, кӕуы: «Йӕ тохуӕрдӕттӕ куыд ӕрӕгмӕ здӕхынц, цӕмӕн кӕнынц фӕстиат йӕ бӕхтӕ?»


Уыйадыл Хуыцауы Фидыды Чырын Екронмӕ арвыстой. Екроны цӕрджытӕ йӕ куы федтой, уӕд нырдиаг кодтой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын нӕм ӕрбахастой, цӕмӕй быныскъуыд фӕуӕм».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ