1 Ахавы амӕлӕты фӕстӕ моавӕгтӕ Израилы ныхмӕ сыстадысты.
Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.
Давид йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.
Уыцы заман Едомы адӕм нал уисӕн кодтой Иудейӕн ӕмӕ сӕхицӕн скодтой паддзах.
Уӕдӕй абонмӕ едомӕгтӕ Иудейы дӕлбар нал сты. Уыцы заман йӕ ныхмӕ растади Ливнӕйы сахар дӕр.
Басаста моавӕгты дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр систы Давиды дӕлбар, фыстой йын хъалон.
мыггагмӕ Хуыцауы раз паддзахиуӕг куыд кӕна, уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕй куыд хъахъхъӕной.
Сӕ къалиутӕй дон тӕдздзӕн, ӕмӕ донхъуаг никуы уыдзысты сӕ байзӕддӕгтӕ стыр доны был. Агагӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕни сӕ паддзах, сбӕрзонд уыдзӕни йӕ паддзахад.