Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 9:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты, сӕ фыдӕлты сын Мысырӕй чи ракодта, уыцы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл кӕй фӕцайдагъ сты ӕмӕ сын лӕггад кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сыл ныххуырста Дунедарӕг ацы бӕллӕх».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 9:9
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Илийа йын дзуапп радта: «Израилы адӕмы ӕз нӕ баппӕрстон бӕллӕхы, фӕлӕ ды ӕмӕ дӕ мыггаг, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытыл уӕхи кӕй атигъ кодтат ӕмӕ Баалтӕм кувын кӕй байдыдтат, уый тыххӕй.


Кӕй Мӕ ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй ацы бынатмӕ Мӕ маст ссудздзӕн, ӕмӕ нӕ бамынӕг уыдзӕн“.


Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ, ныффидиссаг сӕ кодта, хӕлӕттаг ӕмӕ хынджылӕггаг сӕ скодта, уӕхӕдӕг ӕй куыд уынут, афтӕ.


Ӕмӕ-иу ын дзуапп ратдзысты: „Мысырӕй сӕ чи ракодта, уыцы Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, кӕй ныууагътой, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй ацыдысты, лӕггад кӕнын ӕмӕ сын кувын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй сын Дунедарӕг ацы бӕллӕхтӕ бавзарын кодта“».


Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Бирӕ адӕмтӕ, сахары рӕзты цӕугӕйӕ, кӕрӕдзийы фӕрсдзысты: „Ацы стыр сахарӕн Дунедарӕг ахӕм тӕрхон цӕмӕн рахаста?“


Ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд судзгӕйӕ, Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ хъуыстат. Йе ’Гъдау, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын не ’ххӕст кодтат, ӕмӕ уыл ныр ацы бӕллӕх дӕр уымӕн ӕрцыди».


Ӕмӕ адӕм куы фӕрсой: „Ӕппӕт адӕттӕ нын цӕмӕн ӕвзарын кӕны Дунедарӕг, нӕ Хуыцау?“ — уӕд-иу сын дзуапп ратт: „Кӕй Йӕ ныууагътат ӕмӕ уӕхи зӕххыл ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут“.


Чи-иу сыл фӕхӕст, уый-иу сӕ аныхъуырдта, се ’фхӕрджытӕ дзырдтой: „Мах аххосджын ницӕмӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕтӕригъӕдджын сты Дунедарӕджы, рӕстдзинады хӕдзары, сӕ фыдӕлты зӕрдӕдарӕны, раз“.


Фӕндаггон фыр дисӕй ныкъкъӕрцц кӕндзӕнис йе ’рмттӕ, ныкъкъуыззит кӕндзӕн, банкъусдзӕн йӕ сӕр ӕмӕ зӕгъдзӕн Йерусалимӕй: «Алӕмӕты рӕсугъд сахар дӕу хуыдтой? Ӕгас дунейы циндзинад ды уыдтӕ?»


ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ