5 уӕд дын дӕ паддзахдзинад сфидар кӕндзынӕн, дӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕддӕриддӕр паддзахиуӕг кӕндзысты Израилы.
Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.
Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, ӕмӕ лӕудзӕни дӕ паддзахы бадӕн Мӕ разы ӕнустӕм“».
Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“.
«Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай, Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын иууылдӕр куы ӕххӕст кӕнай, уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕу тыххӕй дӕ фыд Давидӕн цы дзырд радтон, уый: цы Кувӕндон Мын аразыс, уым, израилӕгты ’хсӕн, цӕрдзынӕн, Мӕ адӕмы ӕвӕгӕсӕгӕй нӕ ныууадздзынӕн».
Стӕй загъта: — Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Уый Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Афтӕ йын загъта:
Ӕмӕ ныр Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ дзырд. Куыд загъта, афтӕ ӕз сбадтӕн мӕ фыд Давиды бынаты, Израилы паддзахы къӕлӕтджыны, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, Йӕ номыл сарӕзтон Кувӕндон.