12 Хирам сӕм Тирӕй йӕхӕдӕг ӕрбацыди фенынмӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты.
Фӕлӕ йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад загътой: «Ау, нӕ мыггаг ӕмӕ нӕ адӕмы ’хсӕн сылгоймӕгтӕ нал ис? Ӕнӕсунӕт филистимӕгтӕй ус ракурын цӕмӕн сфӕнд кодтай?» Самсон дзуапп радта: «Ракурут мын уыцы чызджы, мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди».
Ӕмӕ загъта Балаам Дунедарӕджы зӕдӕн: «Тӕригъӕды бацыдтӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ зыдтон, Ды мӕ развӕндагыл лӕууыс, уый. Ныр та, кӕд Дын фӕндон нӕу, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхдзынӕн».
Уыцы хъуыддӕгты йӕ, цасдӕриддӕр ӕй хъуыдис, уый бӕрц кедр ӕмӕ кипарис хъӕдӕрмӕгӕй, стӕй сыгъзӕринӕй ифтонг кодта Тиры паддзах Хирам. Арӕзтадон куыстытӕ куы фесты, уӕд Соломон Хирамӕн радта ссӕдз галилейаг сахары.
Загъта: «Ай мын, ме ’фсымӕр, цавӕр сахартӕ бахай кодтай?» Ӕмӕ, сахартӕ цы зӕххыл уыдысты, уый схуыдта Кавул.