3 Паддзахӕдтӕ 8:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст7 Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты Фидыды Чырыны сӕрмӕ тыгъд ӕмӕ йӕ ӕмбӕрзтой йӕ хӕссӕн хъилтимӕ. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын сӕ кӕрӕттӕ уыдта, Рухсмонуаты дуармӕ-иу чи ӕрлӕууыд, уый, фӕлӕ уымӕй ӕддӕдӕр нӕ зындысты. Фидыды Чырыны хуылфы ницы уыди, дыууӕ къӕйдуры йеддӕмӕ. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ куы бафидыдта, уӕд сӕ Хоревы хохыл Моисей нывӕрдта уыцы Чырыны. Ӕмӕ ныронг дӕр уым сты.