57 Кӕддӕр нын Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, нӕ фыдӕлтыл куыд аудыдта, афтӕ аудӕд махыл дӕр, йӕхи ныл ма атигъ кӕнӕд ӕмӕ нӕ дзӕгъӕлӕй ма ныууадзӕд.
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Кады зарӕг зарут Хуыцауӕн, зарут! Кады зарӕг сисут нӕ Паддзахӕн, сисут!
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
Сымах алы фӕндтӕ нывӕндут, фӕлӕ уын фехӕлдзысты, уӕ иу ныхас дӕр нӕ сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!
«Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ ныййардзӕн Фырт, схондзысты Йӕ Эммануил», ома «Хуыцау немӕ ис».
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?
Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“
Фидар фӕлӕуут, ма фӕтасут! Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис. Уый уыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн».
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзӕн, демӕ уыдзӕн. Йӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ма тӕрс, ма фӕтас!»
Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».
Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн.
Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».
«Уӕдӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл уӕ къух ауигъут ӕмӕ уӕ зӕрдӕ Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, аздахут».
Дунедарӕг Йе стыр номы хатырӕй Йӕ адӕмы дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон уыди сымахӕй Йӕхи адӕм саразын.