5 Ныр паддзах Соломон ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕ та ӕрӕмбырд сты Фидыды Чырыны размӕ ӕмӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй ӕрхастой ӕнӕнымӕц нывӕндтӕ.
Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыдон-иу размӕ ӕхсӕз санчъехы куы акодтой, уӕд та-иу Давид нывондӕн ӕрхаста гал ӕмӕ хӕрзхаст род.
Ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон снысан кодта бӕрӕгбон, иудейаг бӕрӕгбон фӕзмгӕйӕ, ӕмӕ Даны нывондхӕссӕныл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕ бакодта Вефилы дӕр, цы уӕнгуытӕ скӕнын кодта, уыдонӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. Вефилы цы кувӕн къуыбыртӕ скодта, уыдонӕн сӕвӕрдта, йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уыцы сауджынты.
Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым сӕвӕрдтой. Стӕй Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.
Соломон, Фембӕлды Цатыры раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн лӕууыд, уымӕ ссыди ӕмӕ уым, Дунедарӕджы раз, ӕрхаста мин иууылсудзинаг нывонды.
Фос богъ-богъ кӕнынц, хизӕнуат сын нал ис, стонгӕй мӕлынц фысты дзугтӕ.