Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 8:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, чи нӕ уа, ахӕм исчи, ӕддагон, дард бӕстӕй Дӕ номы сӕраппонд куы ӕрбацӕуа, —

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 8:41
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Дын кад кӕндзысты ӕмӕ Дӕ нымайдзысты цӕргӕ-цӕрӕнбонты, цалынмӕ, кӕддӕр нын нӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтай, ууыл цӕрой, уӕдмӕ.


уымӕн ӕмӕ Дын фехъуыста Дӕ цытджын ном ӕмӕ Де стыр хъомысы кой — ӕмӕ Дӕм, Дӕ Кувӕндонмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы скува,


Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, чи нӕу, ахӕм исчи, ӕддагон, дард бӕстӕй Дӕ цытджын ном ӕмӕ Де стыр хъомысы сӕраппонд куы ’рбацӕуа ӕмӕ, ацы Кувӕндонмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы скува,


Уыцы заман Йерусалимы сахар схондзысты Дунедарӕджы паддзахы бадӕн. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕн скад кӕной. Фыдзӕрдӕ ӕмӕ хивастӕй цы митӕ кодтой, уыдон ныууадздзысты.


Иу ӕгъдау ӕмӕ иу уагӕвӕрд ис сымахӕн дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ногӕрлидзджытӕн дӕр».


Иу уагӕвӕрд уӕм хъуамӕ уа, чи фӕрӕдийа, уыдонӕн: израилаг бынӕттон цӕрджытӕн дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕн дӕр.


Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон растдзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрбацыд Соломоны уӕлзондмӕ байхъусынмӕ. Ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


Йесо Капернауммӕ куы ӕрцыди, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау бацыди ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта:


Ацы ӕндӕрбӕстаг куы раздӕхти, уӕд уыдон цӕуылнӕ раздӕхтысты Хуыцауы скадджын кӕнынмӕ?»


Бӕрӕгбонмӕ Хуыцаумӕ скувыны тыххӕй чи ӕрбацыд, уыдоны ӕхсӕн муртаттӕгтӕ дӕр уыди.


Фӕлӕ Руф загъта: «Ӕвӕндонӕй дӕ цӕмӕн хъуамӕ ныууадзон? Куыд хъуамӕ ацӕуон дӕуӕй? Фӕлтау, ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн; ды кӕм ӕрӕнцайай, ӕз дӕр уым ӕрӕнцайдзынӕн; дӕ адӕм суыдзысты мӕ адӕм, дӕ Хуыцау та — мӕ Хуыцау.


Боаз ын дзуапп радта: «Дӕ лӕджы амарды фӕстӕ де ’фсинӕн цы хӕрзты бацыдтӕ, уыдон мын иууылдӕр радзырдӕуыд. Зонын ӕй: дӕ фыды дӕр, дӕ мады дӕр, дӕ райгуырӕн бӕстӕ дӕр ныууагътай ӕмӕ, ныронг кӕй нӕ зыдтай, уыцы адӕммӕ ӕрбацыдтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ