3 Израилы хистӕртӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сауджынтӕ Фидыды Чырын се уӕхсчытӕм систой.
Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.
Уый фӕстӕ сауджынтӕ Кувӕндоны рӕбинаг уатмӕ, Рухсмонуатмӕ, бахастой Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын.
Стӕй Давид загъта: «Ӕрмӕстдӕр левиттӕн ис Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдоны равзӕрста Фидыды Чырын хӕссынӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн мыггагмӕ лӕггад кӕнынӕн».
Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.
Кехаты байзӕддӕгтӕн та ницы радта, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ лӕггад уаз дзауматимӕ баст уыди — сӕ уӕхсчытыл сӕ хъуамӕ хастаиккой.
Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта.
ӕмӕ адӕмӕн бафӕдзӕхстой: «Сауджын левиттӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырын рахӕссынц, уый куы фенат, уӕд сымах дӕр уӕ бынатӕй фенкъуысут ӕмӕ йӕ фӕдыл араст ут.
Сауджынтӕн дӕр бафӕдзӕхста: «Фидыды Чырын сисут ӕмӕ адӕмӕн сӕ разӕй цӕугӕут». Сауджынтӕ систой Фидыды Чырын ӕмӕ адӕмӕн сӕ разӕй ӕрлӕууыдысты.
Йешуа ӕндӕр дыууадӕс дуры ӕрӕвӕрдта Иорданы бӕстастӕу, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕ кӕм лӕууыдысты, уым. Дуртӕ абон дӕр ма уыцы ран лӕууынц.
Адӕмӕн та загъта: «Цӕут ӕмӕ сахары алыварс ӕрзилут! Хотыхджынты раззаг къорд Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй цӕуӕд».