Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 8:1
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нахоны мусы цурмӕ куыд бахӕццӕ сты, афтӕ ифтыгъд галтӕ уӕрдон фӕкъул кодтой, ӕмӕ Узза Фидыды Чырынмӕ къухӕй февнӕлдта, ма рахауа, зӕгъгӕ.


Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары.


Соломон райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын федта, уый. Уӕд ацыд Йерусалиммӕ, ӕрлӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ, стӕй скодта куывд ӕмӕ цӕл-минасмӕ ӕрхуыдта йе ’ппӕт дӕлдӕрты.


Давид ӕрцарди фидары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы фидар схуыдтой Давиды сахар.


Давид, Израилы хистӕртӕ ӕмӕ миныхицӕуттӕ ацыдысты ӕмӕ Овед-Едомы хӕдзарӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахастой.


Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахары къӕсӕрӕй куы бахызти, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.


Давид ӕппӕт Израилы адӕммӕ дӕр фӕсидт Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахӕссой, цы бынат ын равзӕрста, уырдӕм.


Давид Йерусалиммӕ ӕрхуыдта Израилы ӕппӕт раздзӕуджыты: хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты, паддзахы ӕфсӕддон къордты хицӕутты, миныхицӕутты, сӕдӕйыхицӕутты, паддзахы ӕмӕ йӕ фыртты исбонмӕ ӕмӕ фосмӕ кӕсджыты, ноджы ма паддзахы барджынты, йе ’хсарджынты ӕмӕ ӕппӕт иннӕ зынгӕ лӕгты.


Езекиа фӕсидти ӕгас Израил ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм. Ефрем ӕмӕ Менассиайы мыггӕгтӕм дӕр фыстӕджытӕ арвыста, фӕхуыдта сӕ Йерусалиммӕ, Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ — Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Куадзӕнмӕ.


Ӕвдӕм мӕй, Израил сӕ райгуырӕн сахарты куы ’рбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, ӕрӕмбырд сты Йерусалиммӕ.


Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, Йе ’ппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ, Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнӕг лӕггадгӕнджытӕ.


Дӕ ном Дын чи зоны, уыдонӕн сӕ ныфс Ды Дӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Ды нӕ ныууадздзынӕ, Дӕу чи агуры, уыдоны.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


уӕ сӕрибары дуг уын ӕрбаввахс кодтон, дард нал у. Рӕхджы рахӕцдзынӕн Сионы хохы сӕраппонд, Израил суыдзӕни Мӕ фӕлындӕн.


Алы мыггагӕй дӕр уын фӕйнӕ лӕджы ӕххуыс кӕндзысты — мыггаджы хистӕртӕ.


Иуахӕмы фӕсидт Израилы адӕммӕ, сӕ хистӕртӕм, сӕ хицӕуттӕм, сӕ тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ сӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ сын загъта: «Ныр ӕз мӕ тӕккӕ зӕронды кармӕ бахӕццӕ дӕн.


Израилы хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр Йешуа ӕрӕмбырд кодта Шехеммӕ, уыимӕ фӕсидт Израилы хистӕртӕм, дзыллӕйы хицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ иууылдӕр ӕрлӕууыдысты Хуыцауы раз.


Сыгъдӕг фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн — ӕвзӕрст зынаргъ дур, чи Йыл ӕууӕнды — нӕ фегад уыдзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ