7 Скодта ма йын паддзахы бадӕны агъуыст дӕр — тӕрхондон. Йӕ астӕрдӕй йӕ цары онг ыл бахуыдта кедры фӕйнӕджытӕ.
Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.
Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»
Кувӕндонӕн йӕ тыргъы дӕргъ уыди сӕйраг агъуыстӕн йӕ уӕрхы йас — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс ӕлмӕрины.
Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй алы ’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.
Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.